Цæгаткавкаэнерго æрдомдта фæлхасгæнджытæй 761 милуан сомы хæс
Уæдмæ та уал, Цæгаткавказэнергойы специалисттæ сæ куыст дарддæр кæнынц. Тæрхондоны уынаффæйыл æнцайгæйæ, æрдомдтой фæлхасгæнджытæй 761 милуан сомы хæс. Сæ фылдæр хай хъуамæ бафидой хъармгæнæн хызы куыстуæттæ. Æдæппæтæй тæрхондомæ компани балæвæрдта 7 500 курдиаты, 1 млрд 100 милуан сомæн. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ ахст æрцыд хæсджынты исбон - 485 милуан сомæн. Цæмæй хæстæ рæзгæ нæ, фæлæ къаддæр кæной, уый тыххæй сæ бæрнон кусджытæ архайынц сæ фидынæн ног фæтк снысан кæныныл. Æххуысы къух бадарынц фæкæсинаг бинонтæм, къабазы куыст та снывыл кæнынц. Хи æгъдауæй газ чи бауадзы, уыцы закъонхалджыты ныхмæ та «Газпром межрегионгаз Владикавказ» фæаразы рейдтæ. Закъонхалджыты рабæрæг кæнынц тæрхондоны пъырыстыфты управленийы кусджытимæ. Хæсæн йæ 214 милуан сомы дары Дзæуджыхъæуы доны хæдзарад. Горæты хъармгæнæн хызæгты куыстуат та дары - 178 милуан сомы. Хуымæтæг пайдагæнджытæй æрдзон газæн 30 мин сомæй фылдæр чи дары, уыдоны ныхмæ пъырыстыфтæ скæнынц сæрмагонд акттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще