Бехъаны цады уавæр фæхуыздæр кæнынмæ рахай кæндзысты 9 милуан сомы
Бехъаны цады уавæр фæхуыздæр кæнынмæ рахай кæндзысты 9 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кӕнынц республикæйы парламенты пресс-службæйæ. Æхцайы фæрæзтæй базилдзысты цадӕн йӕ гидрографикон хызæгтæм, банывыл кæндзысты донæмбырдгæнæны алфамблай. Регионалон нысаниуæг кæмæн ис, æрдзы ахæм цыртдзæвæн бахастой доны объектты реестрмæ. Уыдонæн та хъæуы саразын экологон реабилитаци. Ацы цад у æрдзон комплекс «Урочище Бекан»-ы кæцыдæр хай. Ис ын стыр экологон æмæ рекреацион-эстетикон нысаниуæг. Ныридæгæн объект ис нæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы бæрны. Ведомство архайы йæ хъахъхъæнынадыл. Бехъаны цад у, канд Æрыдоны районы нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Кæддæриддæр дзы сæ фæллад фæуадзынц бирæ адæм. Уæлдайдæр - сæрдыгон рæстæг. Уæдæ дзы зымæгиуат та фæкæнынц сæдæгай алыхуызон мæргътæ. Бирæтæ дзы хаст сты Уæрæсейы Сырх Чиныгмæ. Цад сарæзтой 1940 азты. 1954 азы йæ кæсагахсджытæ æмæ цуанæтты æхсæнады бæрны бакодтой. Хæрзæрæджы уавæр фæивта, объект бахастой республикæйы æрдз хъахъхъæныны министрады хыгъдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще