«Севкавказэнерго»-йы бавнæлдтой электрон тыхы хызтæ ног кæнынмæ

20.04.2022
«Севкавказэнерго» - йы бавнæлдтой электрон тыхы хызтæ ног кæнынмæ. Уый фадат дæтты хъæутæ энергийæ хуыздæр сифтонг кæнын. Æппæт куыстытæ дæр æххæстгонд цæуынц фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ хъæугæ уавæртæ бацæттæ кæнынмæ. Æвзæр эпидемиологон уавæр кæй сæвзæрд, уымæ гæсгæ кусджытæ æххæст кæнынц хи бахъахъхъæныны фæрæзтæй. Рахизфарсы районы специалисттæ сцалцæг кæндзысты 2,5 километры æмæ 38 цæджындзы. Уый руаджы цæрджытæ электрон тыхæй цух нал `ййафдзысты. Энергетиктæ пайда кæнынц нырыккон технологитæй. Афæдзы кæронмæ Рахизфарсы районы специалисттæ электрон тыхы телтæ баивдзысты Ног Бæтæхъойыхъæуы æмæ Зилгæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео