«Цæгаткавказэнерго» тох кæны электрон тых сафыны цаутимæ

19.04.2022
Цæгат Кавказы электрон тыхдæттæг хызтæ «Россети Северный Кавказ»-ы сæйрагдæр хæс у сæфт электрон тыхы бæрц фæкъаддæр кæнын. Цас æмбæлы, уымæй фылдæр энергон тых цы районты хардзгонд цæуы, уыдонæн иртæстытæ скæнын æмæ уавæр сраст кæнынæн сæрмагонд мадзæлттæ саразын. Ахæм уынаффæ рахастой куыстуат «Россети Северный Кавказ»-ы филиал «Цæгаткавказэнерго»-йы хыгъдон къамисы. Филиалы разамонæг Таболты Алыксандр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цас къаддæр электрон тых сæфт цæуа, уыйас хуыздæр кусдзæн регионы электрон хызты æгас комплекс дæр. Куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æдæппæтæй июны сæфт æрцыд электрон тыхы 15%. 6 мæйы хатдзæгтæм гæсгæ та - 19%. Уæвгæ, ацы бæрæггæнæнтæ 1,6 % къаддæр сты ивгъуыд азимæ абаргæйæ. «Цæгаткавказэнерго»-йы дæлхайæдтæй сæфт электрон тыхы бæрц æппæты фылдæр фæкъаддæр Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты. Хуыздæрырдæм уавæр ивы Дыгуры районы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще