Зымæджы хивæнд митæ
Ныр та - Транскаммæ. Декабры фæстаг къуыри Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр фæлварæны хуызæн рауад. Тыхджын мит æрæмбæрзта Ручъы `фцæг. Цалдæр раны æрцыд зæйтæ æмæ уый тыххæй специалисттæ фæндаг сæхгæдтой. Иуырдæм дæр ыл цæуæн нæй. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фæндаггон службæты кусджытæ йæ сыгъдæг кæнынц. Фæлæ зæйтæй рацæуынæй тæссаг кæй у, уый къуылымпы кæны фæндаггон службæты куыст. Тыхджын митæруард æмæ дымгæйы аххосæй æфцæджы сæртыл хизæг электрон тыхы телтæ атыдтой. Цхинвалы нæй рухс. Æнæ хъармæй баззадысты цæрджытæ æмæ социалон объекттæ. Æнæнхъæлæджы цауты бынæттон министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй мит æмæ къæвдайы цыхцырджытæй счъизи нуазыны дон. Уый тыххæй горæты цæрджытæ уыцы хорзæхæй дæр æнæхай фесты. Энергетиктæ архайынц авариты фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Агурынц, салд телтæ кæм атыдтой, уый. Специалисттæ сыгъдæг кæнынц донæмбырдгæнæн. Фæлæ сæ æвзæр боныхъæд тагъд кусын нæ уадзы. Ныртæккæ иуæй-иу районтæм бауагътой рухс æмæ электрон тых. Фæлæ ма горæты фылдæр хай раздæрау ис талынг æмæ уазалы уацары. Афтæмæй Транскам кæд байгом уыдзæн, уый дæр Арвыкомы фæндагау бæрæг нæу. Хуссар Ирыстоны фæндæгты арæзтады æмæ эксплуатацийы комитеты сæрдар Гуызыттаты Эдуард: «Фæндаг у æхгæд. Хуссар порталæй Цхинвалмæ фæндагыл куыстытæ цæуынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Куыд зонын, афтæмæй Цæгатаг порталырдыгæй æруарыд бирæ мит. Тынг тæссаг дзы у зæйтæ рацæуынæй æмæ уымæ гæсгæ куыстытæ, куыд нæ фæнды, афтæ тагъд нæ цæуынц. Абон дæр дзы æвзæр боныхъæды тыххæй кусынæн фадат нæй». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv