Митуарды ахæсты

20.04.2022
Райдайдзыстæм уал хæхбæстæй хабæрттæй. Хорзæй дзы ницыма ис. Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам раздæрау сты æхгæд. Сæ куыстхъомдзинад сын фæкъахыр кодтой боныхъæды уавæртæ. Арвы дуар сæ сæрмæ фегом æмæ дзы мит æнæсцухæй уары ныр цалдæр боны. Адæм бахаудысты æрдзон уавæрты къæлæты. Чи - æд бинонтæ, чи та – æд уæзæгтæ. Кæдмæ ма хъизæмар кæндзысты, уый базонынмæ бынатмæ араст сты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. 198 хæдтулгæйы Уæрæсейы арæныл. Уыдонæй 174 сты уæзласæнтæ. Сæ шофыртыл сæ хъысмæт уæлдай уаргъ æруагъта. Ныр 4-æм бон æнхъæлмæ кæсынц арæныл ахизынмæ. Цы ласынц, уый, гæнæн ис, æмæ фесæфдзæн, бынатмæ афоныл куы нæ бахæццæ уа, уæд. Бирæтæн сæ гуыффæты фос ис. Æххормаг, уазал æмæ æнæ донæй куы фæцагъды уой, уымæй тæссаг у. Уæвгæ, канд уæзæгтæ æмæ фосыл нæ цæуы ныхас. Адæм сæхæдæг бафæлладысты. Æппынфæстаг сæ сæ хæдзæрттæм бафтын фæнды. Цæмæй сæ уавæртæ иучысыл рогдæр уой, уый тыххæй сын архайынц фадæттæ саразыныл. Уадзæн пункты байгом кодтой, хи тæвд цайæ схъармгæнæн кæм ис, ахæм уат. Уæдæ цæмæй адæмы телефонты аккумулятортæ ма сбадой, уымæн дæр сын гæнæнтæ ис. Ирвæзынгæнджыты информацимæ гæсгæ, боныхъæд сæ хæрзтæй нæма уыдзæн хæстæгдæр бонты. Шофыртæн сæ бон у æндæр фæндæгтæй спайда кæнын. Авиацион транспортæй, кæнæ та Батумимæ паромтæй спайда кæнгæйæ. Ахизæн ма ис Азербайджанимæ арæныл дæр. Хуыздæр уавæры нæй Транскам дæр. Дыккаг бон дзы митуард нæ уромы. Адæймаг дзы йæ размæ метрмæ дæр ницы уыны. Уымæ гæсгæ дзы кæм цы зæйтæ `рцыд, стæй цæйас сты, уый зын зæгъæн у. Уæдæ ам дæр хæстæгдæр рæстæджы боны ахастæй зæрдæ ницæмæй рухс кæны нырма. Фæсхохмæ кæй фæнды, уый уал йæ фæндтæ æрмæстдæр фæндтæй фæуадзæнт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще