Спортмæ æмхиц

20.04.2022
Цæгат Ирыстон бацахста 6-æм бынат æнæниз цардыуаг цы регионты бæрзонд æвæрд у, уыдоны æрвылазон номхыгъды. Ахæм иртæстытæ сарæзтой Уæрæсейы генералон прокуратурæ, спорты министрад æмæ паддзахадон статистикæйы федералон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Уыимæ цæст дардтой, нозт, тамако æмæ наркотиктæй кæм æмæ куыд пайда кæнынц, спортмæ æмхиц чи у, æмæ кусæг адæм кæм фылдæр ис, уымæ. Номхыгъды фыццæгтæ сты Цæгат Кавказы æмæ Краснодары крайы минæвæрттæ. Ацы регионты цæрджыты 30% æппынæдзух архайынц спортæй æмæ физкультурæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео