Смоленскæй - Цæгат Ирыстонмæ

20.04.2022
Смоленскæй - Цæгат Ирыстонмæ. Бæлццон Александр Попов æрцыд Дзæуджыхъæумæ цымыдисаг хæдтулгæйыл. Горæты цæрджытæ йыл уайтагъд амбырд сты. Мæнæ йæ уæхæдæг дæр уынут. Машинæ у «Волгæ». Фæлæ йыл йæ хицау 3 азы куыста æмæ йæ дзы фæндыд кабриолет саразын. Стæй йыл ахæм хуызы нæ бæстæйы фæндæгтыл алы регионтыл зилын. Йæ бæллиц сæххæст кæнынæн Александр Поповы бирæ æхца бахъуыд. Цас, уый йæхæдæг дæр нал хъуыды кæны. Фæлæ ног хуызы конд машинæйыл йæ бон цæуын кæй у, уымæй сæрæстыр у. Ныридæгæн бабæрæг кодта стыр горæттæ. Ирыстонмæ та уæлдай зæрдиагæй ссæуы, схъæр нын кодта Александр Попов. 20 азы фæцарди Алагиры, йæ ныййарджытимæ. Ныр æй ам чи фены йæ машинæимæ, уыдоны, æнæмæнг, бафæнды йемæ къам сисын. Александр Попов: «Ацы хæдтулгæ аразын куы райдыдтон, уæд йæ хуыз дæр æндæр уыди. Цъæх. Балхæдтой æй уæд 22 мин сомæй. Мæ фæнд мæ къухы бафтдзæн. уый никæй уырныдта. Ома, дзы мæнæ ахæм диссаджы машинæ рауайдзæн, уый. Паддзахадон автоинспекцийы, йæ рацарæзтæн бардæттæг гæххæт куы истон, уæддæр. Уыдон дæр мын загътой, цæмæн дæ хъæуы, зæгъгæ. Ницы дын дзы рауайдзæн. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, дæ бæллицыл дæхæдæг ныфс куы дарай, уæд алцыдæр рауайдзæн. Æмæ рауад». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще