Цæгат Ирыстонмæ уазæгуаты ссыд блогер английæ
Цæгæт Ирыстонмæ уазæгуаты ссыд блогер Английæ - Джонни Тикл. Дыууæ бонмæ бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы цымыдисагдæр бынæттæ. Се `хсæн музейтæ, парктæ æмæ нæдæр æхсæнадон бынæттæ. Æвзонг лæппу нæ республикæйы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта йæ ютуб-каналы. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд Сабырдзиады фæз. Йæ зæрдæ йын балхæдта уым æппæтæдзух рæсугъд зарджытæ кæй фæзæлы, уый. Цымыдисы ма йæ бафтыдта ивгъуыд дуджы арæзт хæдзæрттæ. Уыимæ ма аргъуантæ дæр. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ Джонни Тикл Цæгат Ирыстоны фыццæг хæтт кай нæй. Фыццаг, йæ балцы фæлгæты уыд Беслæны 1-æм скъолайы. Хонын се `ппæты дæр ацы цымыдисаг ранмæ. Ныртæккæ мæ фæстæ цы рæсугъд нывтæ унут уыдон сты Дзæуджыхъæуы. Æз ам бабæрæг кодтон бирæ зæрдæмæдзæугæ бынæттæ. Дзæуджыхъæу лæууы Терчы былгæрон. Йæ фæйнæфарсæй æрбахъæбыс кодтой егъау хæхтæ. Уый алкæйдæр дисы бафтаудзæн. Уæдæ ма дзы ис къахкъæлæттыл бырæн бынæттæ дæр. Цæгат Ирыстон у туристты уарзондæр бынæттæй иу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv