Цæгат Ирыстоны агурынц Мæскуыйаг бæлццоны

20.04.2022
Цæгат Ирыстоны агурынц Мæскуыйаг бæлццоны. 10-æм сентябры сылгоймаг араст Хъобаны рдæм, æмæ абон дæр кæм ис, уый бæрæг нæу. Агурынц æй 60 адæймагæй фылдæр. Се` хсæн дружинниктæ, пъæлицæйæгтæ, ирвæзынгæнджытæ, хъæдгæстæ, бархионтæ, стæй Мидхъуыддæгты министрады бæхджын хайады уæнгтæ.. Пъæлицæйæгты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 40-аздзыд сылгоймаг сфæнд кодта фистæгæй æфцæджы сæрты Дæргъæвсы зæппадзты рдæм ахизын. Абоны уонг кæм ис, уый бæрæг нæу. Уымæй уæлдай ма абон сбæрæг, Цæгат Ирыстоны хæхты 55-аздзыд Америкаг бæлццон кæй амард. Нæлгоймаг Джимарайæ дард нæ уыд. Куы бавзæр, уæд йæ цуры чи уыд, уыдон фехъусын кодтой Кæй йын бавзæр, уый фæхабар кодтой ирвæзынгæнæ иумæйаг службæмæ. Турист кæм уыд, уыцы бынатмæ æвæстиатæй рацыдысты ирвæзынгæнджытæ. Фæстæдæр рабæрæг, нæлгоймаг кæй нал аирвæзт. Абон изæрæй йæ æрластой æмæ йæ слестгæнæн оргæнтæм радтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще