Ныр та хъусынгæнинаг Цæгат Ирыстоны ЗАГС-ы разамындæй

20.04.2022
Ныр та хъусынгæнинаг Цæгат Ирыстоны ЗАГС-ы разамындæй. Уым куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы аз 109 адæймаджы курдиат балæвæрдтой, цæмæй сын сæ ном æмæ сæ мыггаг аивой. Уымæн ис алы хуызон аххосæгтæ. Сæ сæйрагдæр у - æмкъайы мыггаг кæй исынц, уый. Ахæм адæймæгтæ разынд 32. 15-æн та сæ мыггаг кæнæ ном, раст кæй нæ ныффыстой, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма 5 æнахъом сывæллоны курдиат бахастой, сæ мады, кæнæ йæ хъомыл чи кæны, уыцы фыды мыггаг райсын. Гъер, мыггæгтæ кæд раив баив кæнынц, уæд нæмттимæ дæр уавæр ахæм у. ЗАГС-ы кусджытæ ма фæбæрæг кодтой арæхдæр чи æмбæлы ахæм нæмтты номхыгъд. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны фылдæр ис Давидтæ, Георгийтæ, Алантæ, Софиятæ æмæ Евæтæ. Радзырдтой ма, ацы аз фылдæр лæппутæ кæй рагуырд, уый. 3 мæймæ - 700-йæ фылдæр. Чызджытæ та - 680. Уыцы æмгъуыдмæ ма официалон æгъдауæй æмкъай скодтой 435 цардæмбалы. 246 та ахицæн сты. Сæ фæнд аивтой æмæ сæрибар сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще