Сыгъдзæгдзинад æмæ чъизи
Цæхæрадæтты æмбалад «Иристон»-ы цæрджыты канализацийæ фыццаг аз нæ хъаст кæнынц. Æххуыс агур алы ржттæм цæуынц. Фæлæ ницы. Фарста лыггонд нæ цæуы. Адæм та сæ сывæллæтт æнæниздзинадыл тыхсынц. Афтæ дарддæр кæдмæ уыдзæн? Ацы фарстайæн дзуапп ссарынмæ араст не сфæлдыстадон къорд. Райсом æмæ изæрæй уавæр уæлдай зындæр вæййы. Уый та уымæн æмæ уыцы рæстæг адæм хæдзары вæййынц æмæ, сæ раст зæгъгæйæ, сæ фылдæр донæй уæд фæпайда кæнынц. Хи сыгъдæг дарын хорз у. Фæлæ та уый фæстæ фæндагыл канализацийæ цъымаратæ фæзынынц æмæ бынæттон цæрджыты цард æнад кæнынц. Фæлæ уый бирæты не *ндавы. Аххосджын та сты поселочы 3-æм æмæ 4-æм линиты цæрджытæ. Афтæ рауад æмæ бæрзонддæр ран цæрынц. Сæ канализацион дæттæ кæлынц бынмæ, иннæ уынгтæм. Моураты Батрадз, цæхæрадæтты æмбалад «Ирыстон»-ы сæрдар : «Ахæм канализаци нæм нæй. Цæхæрадæтты æмбалады цæрджытæ сæ сæхæдæг самадтой æмæ сæ баиу кодтой горæты хæтæлтимæ. Дзæуджыхъæуы разамынд уымæн бар нæ дæтты, уымæн æмæ закъонмæ æмæ проектмæ гæсгæ конд нæу. Ацы хæтæлы тыххæй та æз ныццыдтæн "Водосток"-мæ, ныхас кодтон семæ бадзырдт быфыссыны тыххæй. Фæлæ адæмы дæр нæ бафæндыд, уымæн æмæ бадзырдты тыххæй хъæуы æхца фидын». Æмбалады цæрджыты фидын сæ æцæгдæр нæ фæнды. Уый тынг бæрæг у, канализаци ссыгъдæг кæныны рæстæг куы *рцæуы, уæд. Адæмы ныхас та бынтондæр мары: "кæй хъыгдары, уыдон ыл мæт кæнæнт". Цæрджыты зæрдæтæ уыцы ныхæстæй сцъæх сты. Кочиты Фатимæ, цæхæрадæтты æмбалад «Ирыстон»-ы цæрæг: «Мæ бон кæртмæ бахизын дæр нæу. Ацы канализациимæ тухæнтæ кæнæм. Ацы чъизи дон уынгыл кæны, машинæтæ йын куы фæцæуы, уæд уыцы цъыф пырх кæнынц алырдæм. Сывæллæтты дæр уынджы ралидз-балидз кæнын фæнды. Æддæмæ рауадзын та сын тæссаг у. Исты низ сыл афтæмæй фæхæццæн». Адæм се*нæниздзинадыл, агъгъай дæр, тыхсынц. Дон канализацийæ цæуы. Æмæ куыд рабæрæг, ахæм донæй адæймагæн тынг тæссаг у алыхуызон низтæй. Галина Хачмамукова, Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор»-ы санитарон цæстдарды хайады хицауы бартæ æххæстгæнæг: «Цæрæн хæдзæрттæй æмæ куыстуæттæй донмæ цы хауæддзæгтæ кæлынц, уыцы доны ис æнæниздзинадæн тæссаг, суанг ма маргхæссæг буарыгъæдттæ. Расайынц тъæнгты низтæм. Ахæм хъуыддаг та хорз нæу нæ алфамблайæн æмæ цæрджытæн дæр». Сæвзæрд уавæр аивыны нысанимæ адæм сæ бартыл тох кæнынц 3 азы. Сæ курдиæттæ бадæттынц алыхуызон службæтæм. Фæлæ алчи йæхи иуварс кæны. Дзурынц: «Мах ахæм фарстаимæ нæ кусæм». Йæ хъус æрдарта æрмæст «Росприроднадзор»-ы разамынд. Фæлæ куыд рабæрæг, уыдонæн дæр сæ бон ницы у. Саматы Алан, «Роспотребнадзор»-ы æрдзмæ санитарон цæстдарды хайады эксперт : «Уæрæсейы æрдзмæ цæстдарды хайады æнæзакъонæй конд канализациты фарстатимæ нæ кусы. Æрдзæн ацы хъуыддаг æвзæрæй ниц хæссы». Ныр уал фарста цалынмæ не сраст уа, уæдмæ цæрджытæ сæ ныфс æрмæст боныхъæдыл дарынц. Растдæр зæгъгæйæ, та къæвдатыл. Уый сын сæ чъизидзинæдтæ иу гыццыл уæддæр рахсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv