Дзул ласыны æгъдау

20.04.2022
2011 азы дзул ласыны фæтк аивта. Раздæр дзулласæн машинæты шофыртæм, æнæмæнг, хъуамæ уыдаид санитарон æвдисæндар. Уыимæ ма уæлдай цæстдард уыд машинæты сыгъдæгдзинадмæ. специалисттæ сæрмагонд æркастытæ æмæ мадзæлттæ арæзтой, уæд ныр та, алцыдæр амалхъом адæмы бæрны бакодтой, Уыдон та ацы хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй кæсынц. Дзулласæджы къухтæ дзул исгæйæ чъизи уыдзысты, æви сыгъдæг, уый дæр сæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ уа хи фæндонмæ гæсгæ. Дзулласджытæ та алыхуызон вæййынц. Тæрхæджытæм бахауыны размæ уал дзул ацæуы цалдæр экспертизæйы. Специалисттæ сбæлвырд кæнынц, цæмæй æмæ куыд конд сты, уый - зæгъæм, ссады хæрзхъæддзинад. Уый фæстæ дзул хæдтулгæйыл дуканитæм аласынц. Дзулласæн транспортмæ дæр ис йæхи домæнтæ. Дзул фæласынц сæрмагонд транспортæй. Дæнцæгæн дзы хъуамæ уой тæрхæджытыимæ хицæн хæйттæ. Хæдтулгæйыл та стыр дамгъæтæй хъуамæ "ДЗУЛ" фыст уа . Машинæмæ сæйраг домæн - йæ сыгъдæгдзинад. Æхсынц æй æрвылбон. 5 боны иу хатт та дезинфекци скæнынц. Шофыры та кусын хъæуы сæрмагонд æрмкъухты æмæ формæйы. Æппæт уыцы домæнтæ сты ГОСТ-мæ гæсгæ. Базонæн сæ ис интернеты. Фæлæ разынынц ахæм дзулфыцджытæ æмæпаддзахадон нормæтæ ницæмæ дарынц - куыдфæндыйы цæстæй сæм кæсынц. Зæгъæи иуæй - иутæ дзултæ машинæйы салоны дæр бавгæнынц. Дуканиты хицæуттæ дæр хъуамæ къæрцхъус дæр уой æмæ сæ цæст дарой дзул сæм куыд æмæ сæм æрбаласынц уыцы уагмæ. Фæлæ.. Базарадон организацитæм дзул чи ласы уыдоны куыст арæх зæрдæхсаинаг вæййы. Закъонхæлæг куы рабæрæг уа, уæд фыццаджыдæр, аххосджын уыдзæн дзулфыцæн куыстуат. Уый та уымæн æмæ хъуамæ уыдон дзуапп дæттой сæ продукцийы хæрхъæддзинадæн. Уый фæстæ закъонхалæджы фæивар кæндзысты. Фæлæ арæхдæр хъуыддаг уымæ не рхæццæ вæйы. Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленимæ ивгъуыд аз сæ хъаст æрбахастой æрмæстдæр дыууæ адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще