Фыдбылызты ныхмæ

20.04.2022
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сарæзтой радон рейд. Сæ цæст дардтой, нозтджынæй хæдтулгæтыл цы шофыртæ сбадынц, уыдонмæ. Бæрæг ма кодтой, æнæ `мбæлгæ гæххæтытæй хæдтулгæтыл чи абалц кæны, ахæмты дæр. Сæ хицæуттимæ пъæлицæйæгтæ кодтой профилактикон ныхас, цæмæй фæндæгтыл цæуыны фæтк ма халой. Инспектортæ ма радон хатт адæмæн дзырдтой, хъæбæр нозт цавæр зиан хæссы æмæ бæлцæттæн фæндаджы размæ нуазын кæй не `мбæлы, уый. Рейды бæрæггæнæнтæм гæсгæ нозтджынæй кæй баурæдтой, уыцы шофырты ивар кæндзысты административон æгъдауæй. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ хæдтулгæты шофыртæм сидынц, цæмæй фæндагыл цæугæйæ сæхи хъахъхъæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще