Фылдæр рухс!
Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы хъæппæрисæй нæ республикæйы цæуы рейд «Тонировка»-кæ, зæгъгæ. Пъæлицæйæгтæ сгарынц йæ рудзгуытыл тар цъæрттæ ныхæст кæмæн сты, уыцы машинæтæ. Æвгтæ цас тар сты, уый базонынæн паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ пайда кæнынц сæрмагонд техникон кусæнгæрзтæй. Рейдтæ аразынц фæндаггон фыдбылызтæ арæхдæр кæм æрцæуынц, уыцы фæндæгтыл. Рейды сæйраг нысан у транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Уæрæсейы закъонмæ гæсгæ раззаг æмæ фарсæрдыгæй рудзгуытæ хъуамæ рухс уадзой 70-75%. Фæндаггон-патрулон службæйы хицæн батальоны къамандæгæнæг Реуазты Эльбрус: «Шофыртыл административон хъуыддæгтæ байгом кæнæм. Бадодæм сæ, цæмæй сæ азымæй схицæн уой. Радтæм сын гæххæтт амынддзинæдтимæ. Уый фæстæ хæдтулæгæй пайда кæнæн нæ вæййы. Закъонхæлд иуварсгонд куы нæ рцæуа, уæд шофыртæ административон кодексы 19.03-æгæм статьямæ гæсгæ æфхæрд баййафдзысты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv