Æрыдоны цалцæг кæнынц аллеяйæ
Æрыдоны сæйраг уынджы ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Зилынц горæты цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат - сæйраг аллеймæ. Бирæ рæстæг аивгонд æмæ зылд нæ уыд. Уымæ гæсгæ йæ уавæр базилинаг сси. Ныр федералон программæмæ гæсгæ къухы бафтыд бындуронæй йæ сцалцæг кæнын. Æрыдоны сæйраг уынджы цы аллей ис, уым горæты цæрджытæ кæддæриддæр сæ рæстæг æрвитынц. Куыд фæсиæвæд, афтæ хистæр кары адæм дæр. Горæты администрацийы ныхæстæм гæсгæ, 30 азы дæргъы аллеймæ зылд нæ цыдис. Ацы аз æй бæстонæй цалцæг кæнын райдыдтой. Æрыдоны цæрджытæн уый у тынг æхсызгон хабар. Ныридæгæн куыстытæн сæ фылдæр хай баххæст кодтой. Аллейы зæронд уæлцъар систой. Ныр ыл сæвæрдтой аив ног плиткæ. Аллейæн йæ алыварс цы бетонæй сис лæууы, уымæн дæр йæ сæры плиткæ раивтой. Уымæй уæлдай ма дзы, сæвæрдтой ног бандæттæ. Æдæппæтæй саив кæндзысты 600 метры онг фæзуат. Сæвæрдзысты ма дзы бырондæттæ дæр. Аллей бацалцæг кæнын бантыст æнцонвадат цард аразыны фæдыл федералон программæйы руаджы. Фарон дæр программæйы æххуысæй базылдысты аллейы цур фæзуатмæ. Ацы аз цалцæггæнæн куыстытæн рахай кодтой 8 милуан сомæй фылдæр. «Федералон бюджетæй нын радих кодтой 7 милуан сомæй фылдæр. Иннæ фæрæзтæ та - республикон æмæ районы бюджетæй. Кусын райдыдтам апрелы райдианы. Æппæт хъæугæ æрмæджытæ дæр нæм ныртæккæ ис. Цæмæй куыстытæ кæронмæ ахæццæ уой, уымæн. Архайæм, цæмæй нæ горæты цæрджыты зæрдæтæ ацы бынатæй рухс кæной. Цæмæй алкæй цæст дæр рæвдауа нæ аллея, ууыл», - Æрыдоны администрацийы сæргълæууæг Хæмыцты Игорь. Хæстæгдæр рæстæг Æрыдоны цæрджытæн фæзындзæн фадат ног аив аллейы сæ рæстæг æрвитынæн. Иннæ аз та горæты администрацийы фæнд кæнынц иннæ аллеймæ дæр бæстонæй базилын. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv