Мызуры культурæйы хæдзар

20.04.2022
Мызуры бынæттон культурæйы хæдзармæ алыхуызон къордтæм цæуынц 200 сывæллоны бæрц. Кафджытæ, зарджытæ, æрмдæсныйы алы хуызтæ - дæ зæрдæ цæмæдæриддæр райы, уый равзар. Фæлæ дзы хъыгагæн, сывæллæтты ахуыр кæнынæн æмбæлгæ уавæртæ нæй. Кæддæр иу Мызуры фæсивæды рог кафт æмæ хъæлдзæг зард цы сценæйы фенæн æмæ фехъусæн уыд, уый ныр заууатмæ æрцыд. Сывæллæттæн æмæ культурæйы хæдзары кусджытæн уый сæ ныфс нæ сæтты, сæ ахуыртæ цæуынц бæстыхайы бацæуæны. Ахæм уавæры цы кæнгæ у æмæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæд райдадзысты, уый нæ дарддæры æрмæджы. Бур майкæтæ, сау хахх хæлæфтæ æмæ къабатæ-уый та мыдыбындзыты кафт. Æппæты кæстæр кары къорды арахйджытæ æвдисынц афæдзы дæргъы сæ цæуыл сахуыр кодтой, уый. Мызуры бынæттон культурæйы хæдзары хатдзæгтæ кæнæн концерт уыд. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ Мызуры аивæдты хæдзары цы куыст кæнынц уый рагæй-æрæгмæ у хъуыстгонд у. У æлдайдæр та дзы цы курдиатджын фæсивæд схъомыл ис, уыдонæй. Хъæуы клуб фæзынд ивгъгъуыд æнусы 1953 азы, йæ куыст дæр гъе уæд райдыдта. Ныридæгæн дзы кусынц 10 хайады. Архайы дзы 200 сывæллоны бæрц. Ахуыр сæ кæнынц зарын, æрмдæсныйы алы хуызтыл, стæй кафыныл. Альбина Гуссаова: «Фыццæгты мæнмæ цы сывæллæттæ ахуыр кодтой, уыдон ма бинонты кой дæр бакодтой. цауыл сæ сахуыр кодтон, уый сæ царды мидæг куы бахъæуа, уæд уый мæнæн дæр у æхсызгон.Куы æрцæуынц, уæд фæдзурынц, кæй сæ фæфæрсынц чи сæ сахуыр кодта, уый хорз у». Фæлæ хъуыддаг бынтон афтæ хорз нæу, сæ хатдзæгтæ кæнæн концерт сарæзтой фойейы.Ацы бæсты хай концертон залæй у дыууæ хатты къаддæр. Фæлæ дзы лæууын дæр тæссаг у.Дыууæ мæйы размæ сценæ сæхгæдтой, йæ алыварс ын æрбæстытæ кодтой сæрмагонд лентытæй цæмæй йæм сывæллæттæ хæстæг ма цæуой.Къултæн ныккæлынæй тас у.Æввахсдæр сæм куы бацæуай уæд фенæн ис къултæ кæй згъæлынц, уый.Уыимæ ма хъуына кæнын дæр райдыдтой. Дзаумæттæ ивæн бынæттæ дæр санитарон нормæтæн дзуапп нæ дæттынц. Зита Тараева: «Æрбахуыдтам сæ, кастысты. Нæ сæргълæууæг загъта æппындæр кæй нал бæззы. Дзырдтой бындуронæй йæ кæй сцалцæг кæндзысты, бахаудыстæм федералон программæмæ». Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы федералон программæ. Уый фæлгæты культурæйы хæдзæрттæ цалцæг кæнынц. Кусынц культурæ æмæ туризмы рæзтыл. Уыцы хыгъдмæ бахауд Мызуры культурæйы хæдзар дæр. Ныридæгæн бацæттæ кодтой проект. Цалцæггæнæн куыстытæ ног аз райдайдзысты. Бахъæудзæн сын 7 милуаны æмæ 200 мин сомы. Елена Кулова: «Иннæ аз ацы программæйы фæлгæты сцалцæг кæндзысты Суададжы , Ногхъæуы, Сунжæйы æмæ Чермены культурæйы хæдзæрттæ дæр. уæдæ куыстытæ уыл нæ фæуыдзысты. Фæлæ уал цалынмæ гæххæтытимæ архайынц, уæдмæ уал адæм сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы сын сæ уавæртæ кæй фæхуыздæр кæндзысты, ууыл». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще