Арæзтадмæ цæстæнгас

20.04.2022
Дзæуджыхъæуы арæзтады объекттæм та йе `ргом аздæхта Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисимæ. Семæ ма уыдысты республикæйы разамынды уæнгтæ цалдæрæй. Фыццаг уал æркастысты Хетæгкаты Къостайы номыл парчы цалцæджы куыстытæм. Кæнынц сæ æнцонвадат уавæртæ аразыны программæйы фæлгæты. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, парк суанг йæ дидинджыты хуызтæм гæсгæ дæр цæсты ахада. Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй хъуамæ йæ дæллаг хайы реконструкци фæуа ацы аз. Хицауады сæрдар ма федта Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы арæзтад дæр. Августы кæронмæ ам хъуамæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ уой. Нысангонд куыд у, афтæмæй скъола æддаг бакастæй йæ алыварс бæстыхæйттимæ суыдзæн иу композици аразæг. Афтæ - Терчы былгæрон цы спортивон фæз аразынц, уый дæр. Ам горæты цæрджыты `нцойдзинадæн хъуамæ фæзына егъау комплекс. Мини-футбол, дугъгæнæн фæндæгтæ, гæппгæнæн фæзтæ, волейбол, баскетбол æмæ гандбол - спорты ацы хуызтæн дзы уыдзæн хъомысджын гæнæнтæ. {ЗАБОТА} Республикæйы хæдзар-интернат "Узæлд"-ы дæр цалцæггæнæн куыстытæ сты сæ тæмæны. Æхсæвиуаты корпус 76 бынатæн цæттæ у 60 проценты. Куыстытæ конд цæуынц федералон программæ æмæ Пенсион фонды фæрæзты руаджы. Цалцæггонд хъуамæ `рцæуа 1-æм ноябрмæ. Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар: «Алы ахæм балц дæр рабæрæг кæны бæлвырд хатдзæгтæ, цы - аразджыты, цы - кæмæн аразынц, уыдоны, цы - паддзахадон разамонджыты куысты тыххæй. Нæ хæс у, бюджетæй цы `хца æмæ куыд хардз кæнæм, уый æргомæй дзурын. Рæстуд æмæ бæрнонæй. Уымæн æмæ ууыл баст сты республикæйы социалон-экономикон рæзт, адæмы царды уавæртæ. Хъуамæ сæм бæрнон хъомысджын цæстæй кæсæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще