Нæхи харбыз адджындæр!

20.04.2022
Ирыстоны аслам æмæ хæрзхъæд харбыз æнæ химион буаргъæдтæй æрзайын кæнын. Ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта фермер Дзотцойты Барис. Дыгуры районы цæрæг харбызты куыст 10 азы кæны. 8 гектары зæххыл ныссадзы мыггаг. ацы аз фæнд кæны тыллæг 200 тоннæйы бæрц сæмбырд кæнын. Зæгъæн ис æмæ йæ бон у республикæйы цæрджыты харбызтæй бафсадын. Харбызы быдыртæн сæ кæрон зынгæ дæр нæ кæны, ахæм нывмæ бакæсгæйæ адæймаг зæгъдзæн Астраханы облæсты харбызты æгæрон хуымты балæууыд. Куыд рабæрæг афтæмæй харбызты хъæздыг тыллæг райсæн ис ИРыстоны дæр. Дзотцойты Барис хъулон гагадыргъы куыст кæны 10 азы. Æппæты адджындæрыл нымад харбызы мыггаг ныссагъта 8 гектары зæххыл. Уымæ уæлдай ма кæны картоф, нартхор, джитъри æмæ уырыдзыйы куыст дæр. Фæлæ уæддæр харбызтæн йæ зæрдæйы ис сæрмагонд бынат. Кримсон свит, огонек, холодок, фотон - уыдон сты харбызты алыхуызон мыггаг. Ацы мыггæгтæ ис ныссадзын Ирыстоны зæххыл æмæ гæнæн ис фæхæццысты. Уый руаджы æрзайынц хæрзад адджын харбызтæ. Нæ дзы вæййы пестицидтæ æмæ нитраттæ. Уæлдай цæстæнгас ДАРЫ Дзотцойты Барис харбызты хæрзхъæддзинадмæ. Æнæхъæугæ химикаттæ зайæгойтæ хъуамæ ма уой хъæстæгонд. Ацы аз тыллæджы уындæй фермеры зæрдæ райы. Их ма рауарад, уый йеддæмæ, сын тас ницæмæй у. Фæззæджы æппæт продукци фæзындзæн бынæттон базарты тæрæхæджытыл. Кæй зæгъын æй хъæуы Стъараполы край æмæ Астраханы облæст зын у баййафын. Фæлæ уæддæр ныфс ис, Ирыстоны цы харбызта арзайа, уыдон сæ ад æмæ хæрзхъæддзинадæй дæлдæр кæй ницæмæй уыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще