Амалхъом адæмæн æххуыс

20.04.2022
Уæдæ зæххы куыст чи кæны, уыцы амалхъом адæм дæр фылдæр кæнынц. Семæ халсар æмæ дыргъдæттæ. 2018 азæй нырмæ ахæм зæххыты фæзуат сырæзти 600 гектары, уыдонæй 120 - сæнæфсир зайын кæнынæн. Ныртæккæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дыргъдæтты куыстæн цы зæххытæ нысангонд сты, уыдоны фæзуат у 2 мины æмæ 400 гектары. Уый тыххæй ис паддзахадон æххуыс дæр. Фарон аз йæ бæрц уыди 100 милуан сомы. Ныр фæрæзтæ хъуамæ фæфылдæр уой, уый тыххæй хицауад ныфс æвæры. Ам ахсджиаг у - зайæгойты куысты, тауинæгты мыггаг егъаудæр кæнын. Кæд, нæ зæххытыл цы картоф зайы, уымæй нæхи дæр бафсадæм æмæ ма йæ иннæ регионтæм ахæццæ кæнæм, уæд æндæр мыггæгтæй афтæ зæгъæн нæй. Хъæууон хæдзарады министрады нын куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ æмгуыстады бадзырд бафысынны тыхæй ныхас кæнынц дунейы хуыздæр нартхоры мыггаг чи парахат кæны, ахæм куыстуатимæ. Æхсаинаг у халсарты куыст. Нæ республикæйы æххæсы æрмæстдæр 37%. Йæ сæйраг аххосаг, хицауады ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарады куыст кæныны фæрæзтæ фаг кæй не сты, уый. Уыимæ ма æндæр фарста дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще