Æппæт дунейы Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Стыр Комдарæны рӕстæг

20.04.2022
Æппæт дунейы Чырыстон диныл хæст адæмæн абон райдыдта Стыр Комдарæны рӕстæг. У, аргъуан кæй снысан кодта, уыцы мадзæлттæй æппæтæй дæргъвæтиндæр. Йе мгъуыдмæ уырнæг адæм хъуамæ уой хиуылхæцт. Авд къуырийы дæргъы сæхи цæттæ кæндзысты Куадзæнмæ. Ацы аз уыдзæн 28-æм апрелы. Стыр комбæттæн у карз, цæуы 48 боны. Уæлдай хиуылхæцт уæвын хъæуы фыццаг æмæ фæстаг къуыри. Уырнæг адæм сæхи хизынц дзидза, æхсыры, айчы æмæ кæсаджы хæринæгтæй. Комдарæны рæстæг фæлмæндæр домæнтæ ис сывæллæттæн, æнхъæлцау сылгоймæгтæн æмæ йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн. Нысан кæны уды сыгъдæгдзинад. Ахæм хуызы адæм хатыр курынц, бар-æнæ-бары цы æнæзæрдæмæдзæугæ митæ кодтой, уыдоны тыххæй. Алчи йæхи сыгъдæг кæны йæ тæригъæдтæй æмæ кувы, цæмæй сæ Хуыцау раст фæндагыл æвæра, уымæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр ахæм адæймаг у. Йемæ фембæлыд нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ. Елхотты цæрæг Дзгойты Ян чырыстон диныл хæст у. 90-æм азтæй фæстæмæ æрвылаз бæрæг кæны Стыр комдарæн. Елхотты цæрæг Дзгойты Янæн ралæццыд ахсджиаг рæстæг. Комдарыны бонтæ. Ацы хъуыддагмæ æрвылаз бацæуы бæстонæй. Ныртæккæ дæр йæхи бæстонæй бацææтæ кодта ацы ахсджиаг хъуыддагмæ. Куыд зææгъы афтæмæй уый комдарæнтæй æппæтыы карздæр у. «Цыдæр цухдзинæдтæ баййафын хъæуы. Алы рæдыдæн та адæймаг хъуамæ дзуапп ратта. Æмæ нæ фыдæлтæ куыд загътой, афтæмæй симды кæд бацыдтæ, уæд симын хъæуы. Æмæ кæд дзуары де ккой скодтай, чырыстийы дзуар. Кæд дын хуыцау ахæм дзуар радта, æмæдын æххуыс кæны, уæд цухдзинæдтæ æййафын хъæуы. Зындзинæдтæ баййафы адæймаг. Фæлæ æргомæй хуыцаумæ куы бацæуай, хатыр дзы куы ракурай, иу хатт, дыууæ хатт, сæдæ хатт- уæд дын баххуыс кæндзæн», - Елхоты цæрæг Дзгойты Ян. Комдарын æрмæст хæринагæй хиуыл хæцыны хъуыддаг нæу, алы чырыстон дæр хъуамæ тырна уды сыгъдæгдзинадмæ, хорз хъуыдытæм æмæ адæмæн исты хорздзинад саразынмæ, зæгъы. «Лæгæн йæ мидварн, йæ мидæг цы æвзæрдзинæдтæ, цы тæригъæдтæ ис, цы аипдзинæдтæ, уыдон иу куадзæнæй иннæ куадзæнмæ… мæнæ… сау фынк куыд ссæуы уæлæмæ, афтæ ссæуынц, æмæ…иуæй-иу хатт дæр вæййы, æмæ адæймагæн йæ улæфт дæр сæхгæны…фыр тыхстæй. Уæд лæг хуыцаумæ æрбацæуы. Хуыцауы раз сæ раргом кæны, æмæ йын уæд фенцондæр вæййы», - Елхоты цæрæг Дзгойты Ян. Ацы бонты Аргъуантæ æмæ Моладзандонты фенæн вæййы тынг бирæ адæм. Чырыстон диныл хæст адæм кувынц æмæ курынц хатыр. Хорз хъуыдытимæ сæ уд ссыгъдæг кæнынц. «Комдарæн дам у буарæн сыгъдæгдзинад, удæн та дзæнæтмæ бынат, зæгъгæ. Йемæ, алы чырыстон адæймаг дæр архайы, цæмæй йæ уд ссыгъдæг уа, цæмæй Чырыстийы раз сыгъдæгдæрæй рлæууæ æмæ уый тыххæй Комдарæны бонты алчидæр йæ хъарутæ куыд сты, афтæ фæархайы, цæмæй ком бадара, æмæ Куадзæны бæттæ сыгъдæгæй æмæ рæсугъдæй сæмбæла», - нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны разамонæг игумен Стефан. Кæд комдарын æнцон хъуыддаг нæу æмæ йыл адæймаг бирæ тыхтæ бахардз кæны, уæддæр æй алы чырыстон адæймаг дæр зоны кæй сæм фæзындзæн цавæрдæр уæларвон тыхтæ æмæ æхсызгондзинад. Æмæ куадзæныл ссыгъдæг зæрдæйæ кæй сæмбæлдзысты. «Чырысти райгас, зæгъгæ, сауджын, ныхъхъæр ласы аргъуаны... Расиды адæмм

Похожие видео

Показать еще