Цæрджыты сагъæстæ

20.04.2022
Разамынддæттæг компани ис, фæлæ сæ пайда нæй. Адæмæн сæ кæрты бацæуæнтæ дæр сæхи æфснайын бахъæуы. Уавæр сæ ногтæй нæу. Алагиры дæр ис ахæм хæдзар. Разамынддæттæг компанийы кусджыты хæдзары цæрджытæ сæ цæстæй иу хатт дæр нæма федтой. Хæдзарады куыстытæ иууылдæр сæхимæ фæкæсынц. Уыимæ лæггæдты фиддонтæ дæр æххæстæй æмæ афойнадыл фидынц. Ацы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæ ног фатертæм куы балыгъдысты, уæд сæ цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ сын бирæ нæ ахаста. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ уайтагъд сæ уæлхъус æрбалæууысты разамынддæттæг компани Арм-стройы кусджытæ.Кæцæй фæзынндысты,æмæ сæ чи ратта разамынды бартæ, уый нырмæ дæр ничи ма базыдта. Иумæйаг æмбырды цæрджыты нæ бафæндыд «Арм-строй»-ы лæггæдтæй пайда кæнын. Сæ зæрды уыд цæрæнуæтты æмбалад скæнын. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, разамынддæттæг компани йæ хæстæ цæсгомджынæй не`ххæст кæны. Исты æрцыд зæгъгæ æмæ се`ххуыс бахъуыд, уæд сæм, телефонæй дæр бадзурæн нал вæййы, ссарæн та сæ, уæвгæ дæр зын у. Адæм цæмæн хъуамæ фидой, уый сын фылдæр хатт бæлвырдæй бамбарын сæ бон нæу. Цæрджытæ сæхæдæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй разамынддæттæг компанийы сæргълæууæг Томайты Геннадий йæхи цæрджытæй рамбæхс-бамбæхс кæны. Цæрджытæ хъаст кæнынц: бацæуæнты цырæгътæ дæр сæхæдæг ивынц, сæ хæдзары алывæрстæ дæр сæхæдæг æфснайын, хæдзарыисты асаст, уый дæр сæхи кæнинаг – уæд ма разамынд дæттæг компанийæн техобслуживание кæй хонынц, уый та цæй фæдыл хъуамæ фидой. Цæрджытæм «Арм-строй»-æ квитанцæтæ æппынæдзух æрбацæуынц. Йæ разамонæджы бацагурынвæнд скодтам мах дæр. Компанийы сæргълæууæджы ссарын, æцæгæйдæр, æнцон нæ уыд. Фæлæ нæ къухы бафтыд. Томайты Генадийы ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг æмбырды цæрджытæ бадзырды домæнтимæ сразы сты. Алцыдæр уыд закъонмæ гæсгæ. Зæрдæ бавæрдта тагъд рæстæджы та цæрджытимæ кæй сæмбæлдзæн æмæ та ногæй бадзырды домæнтыл бæстон кæй æрддзурдзысты, уымæй. Фарста лыггонд æрцæудзæн. Нæ республикæйы цæрæнуæттæм цæстдарæг управленийы нын куыд загътой, афтæмæй, «Арм-строй» фидаргонд æрцыд, кусыны бар ын радтой. Фæлæ ацы ног бирæуæладзыгон хæдзар нырма номхыгъды нæй. Уыимæ закъонмæ гæсгæ разамынддæттæг компанийæн цæрджытимæ бадзырд бафыссыны бар нæй, цалынмæ сын цæрæнуæттæм цæстдарæг управлени бар нæ радта, уæдмæ. Цæрджытæ ма хъуамæ зоной закъоны иннæ домæн дæр – компанийы лæггæдтæй разы куы нæ уой, уæд сæ бон у компани аивын, кæнæ хи цæрджыты æмбалад байгом кæнын. Уый тыххæй цæрджытæ хъуамæ сæ иумæйаг æмбырды курдиат ныффыссой æмæ дзы иууылдæр сæ хъуамæ бафыссой. Хъуамæ йæ сæмбæлын кæной бынæттон администрацимæ, уыдон та цæрæнуæттæм цæстдарæг хайадмæ. Уыдон бынатмæ æрырвитдзысты хъæугæ специалистты – лæггæдты хæрзхъæгдзинад сбæрæг кæныны тыххæй. Дæргъвæтин процедурæ – фæлæ бирæ масты бæсты компани аивын хуыздæр у. Цæрæнуæттæм цæстдарæг управленийы специалисттæ зæгъынц – цæрджытæн баххуыс кæндзысты. Уымæн æмæ алы адæймагæн дæр йæ бон равзарын цас æмæ кæмæн хъуамæ фидой фиддонтæ, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/iryst

Похожие видео

Показать еще