Михаил Скоков фембæлд республикæйы цæрджытимæ

19.04.2022
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков радон хатт байхъуыста адæммæ. Æрбацыдысты йæм, барадхъахъхъæнджытæм фарст радтын кæй фæндыд, уыдон се `ппæт дæр. Министр адæмимæ ныхасы рæстæг йæ кусæнуатмæ хуыдта дæлхайæдты разамонджыты æмæ сын-иу бабар кодта адæмы тыхстытæм бæрнонæй æркæсын. Уыдоны нымæц та бирæ уыд. Сæ сæйрагдæртæ – цæрджыты æууæнк пъæлицæмæ, стæй адæмы хъуыддæгтæм куыдфæндыйы цæстæй кæсыны цаутæ. Суанг ма дзы, Мидхъуыддæгты министрадмæ бар чи нæ дары, ахæмтæ дæр разынд. Уыдонæн-иу министр закъоны домæнтæ йæхæдæг бацамыдта. Адæмæй бирæтæ æрбацыдысты министрæн бузныг зæгъынмæ дæр, Ирыстоны сабырдзинадыл зæрдæйæ кæй ауды, уый тыххæй. Уæлдай зæрдиаг арфæтæ Михаил Скоков фехъуыста, Уæлахизы бон барадхъахъхъæнджытæ сæхи куыд дардтой æмæ æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кодтой, уымæ гæсгæ. Афтæ ма – мемориалон комплекс «Барбашовы фæз» саразынæн йæ тыхтæ кæй нæ бавгъау кодта, уый тыххæй дæр. Уæдæ сæ министр йæхæдæг дæр æнæ арфæйы ныхасæй нæ ныууагъта. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм фембæлдытæ министрады араздзысты дарддæр дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео