Дæхи хъахъхъæн!

20.04.2022
Мадæлон капиталæй æнæзакъонæй спайда кæнын. Ахæм лæггæдты тыххæй хъусынгæнинæгтæ фенæн ис алы цæджындзыл дæр. Бирæтæм уый фæкæсдзæн цымыдисаг, фæлæ чи фæтагъд кæна уый йыл фæсмон дæр фæкæндзæн. Специалисттæ сидынц адæммæ цæмæй уой къæрцхъусдæр æмæ цæстфæлдахджыты фæлитой митыл разы ма кæной. Сертификатты хицæуттæ æнæ æхцайæ баззайдзысты, уыимæ сын тæссаг у уголовон хъуыддагæй дæр. Барадхæлджыты раргом кæнынмæ араст нæ уацхæссæг. Мадæлон капитал æхца æнцонæй райсын. Куыстыты хæрзхъæддзинадæн гаранти. Стыр дамгъæтæй фыст зынгæ ран , цæмæй йæ æнæмæнг исчи фена æмæ йæ рæзты мачи ацæуа. Йæ рæзты нæ ацыд не`сфæлдыстадон къорд дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы хъусынганинаджы дæр ,уыцы иу номыр. Амынд номыры хицау разынд цавæрдæр Мурад. Цæмæй Мадæлон капиталы æхца райса, уый тыххæй йæ бахъуыд сертификатæн æууæнкдар, иннæ хъæуыддæгтæ дарддæр райста йæхимæ. Фæлæ цæмæй уыцы лæггæдтæй спайда кæнæн уа, уый тыххæй абалц кæнын хъæуы Махачкаламæ, кæнæ Ростовмæ. Цæгат Ирыстоны фембæлын Мурадмæ хорз нæ фæкаст, æмæ не`сразы ис. Ахæм закъонхæлдтытæн фæстиуджытæ дæр ис, уæдæ куыд. Мадæлон капиталы æхца райсынмæ чи сразы вæййы, удонæн тæссаг у бынтондæр æнæ æхцайæ баззайынæй. Адæмы афтæ сайынц. Уымæй уæлдай ма, сайды чи бацыд, уыдон сæхæдæг дæр закъонхалджытыл нымад вæййынц. Мах бæлвырд информаци æрвитæм барадхъахъхъæнджытæм. Сайæгойты æхца йеддæмæ ницы хъæуы. Кæцæй цы ратоной, уый нæ зонынц. Бартæхахъхъæнæг хайад æппынæдзух бæрæг кæны нæ республикæйы уавæр. Æппæт æрлæууæнты дæр хъусынгæнинаджы кæй номыр фыст ис, уый у Дагестаны цæрæг. Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæн бар нæй нæ республикæйæ дарддæр æндæр рæтты архайын, уымæ гæсгæ нæ сыхаг республикæйы мидхъуыддæгты министрадмæ æмбæлгæ информаци æрвыстой. Уыимæ ма цæрджытæм расидтысты, курынц сæ къæрцхъусдæр уæвын. Зæрдыл лæууын кæнынц, æхцайæ спайда кæнæн æрмæст цалдæр хуызы ис: цæрынæн хуыздæр уавæртæ саразын, сывæллæтты ахуырадыл, мады пенси бамбырд кæнын, кæнæ сывæллон-инвалиды адаптацийыл. программæ ахæсдзæн 2021 азмæ. Прграммæ кæй адæргъвæтин кодтой уый æмбарын кæнынцуымæй, æмæ йæ фæрцы демографион уавæр кæй фæхуыздæр фæхуыздæр. 8 азмæ абарстытæ скодтой, æмæ бафиппайдтой, ацы программæйы фæрцы ноггуырдты бæрц фæфылдæр 32% онг. 2017 азы Мадæлон капиталы бæрц ссис 453 мин сомы. 2018 æмæ 2019 азты капитал нæ фæфылдæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще