Электрон хуызы гæххæттытæ

20.04.2022
Адæймаг рынчын кæй уыд, уый æвдисæн гæххæтт электрон хуызы дæттыны программæ æххæст кæнын райдыдтой фарон сæрды. Уыцы рæстæгмæ дохтыртæ кæй рафыстой, уыцы гæххæттыты 10% бахастой иумæйаг электрон системæмæ. Социалон фæдзæхстады фонды куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй республикæйы фæллойгæнджыты нымæц у 130 мин адæймаджы бæрц у. Уыдонæй 55 мины бафæдзæхстой сæ æнæниздзинад æмæ сын ис, рынчын уæвгæйæ фиддонтæ исыны бар. Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнæн 46 кусæндоны ныридæгæн дæр пайда кæнынц рынчынтæн гæххæттытæ электрон хуызы рафыссыны системæйæ. Пациентты бон у сæ низы æвдисæнтæ 2 хуызы райсын – гæххæттыл фыстæй, кæнæ та электрон хуызы. Специалисттæ сидынц алкæмæ дæр, цæмæй фылдæр пайда кæной ногдзинæдтæй. Уыдон дзæвгар фенцондæр кæндзысты куыст. Æнцойдзинад уыдзæн рынчынтæн дæр - ныр сæ æмбæлгæ гæххæттытæ райсынæн дохтырмæ цæуын нал хъæудзæн – уыдзысты электрон базæйы. «Хорз уый у, æмæ рынчын иу хатт куы фæрынчын вæййы, уæд æрбацæуы поликлиникæмæ. Уæд байгом кæны сæрмагонд гæххæтт. Зæгъын мæ фæнды уый, цæмæй адæм ма тæрсой сæ гæххæттытæ электрон хуызы аразынæй. Уæд дохтырты бон уыдзæн æппæт бæрæггæнæнтæ электрон системæмæ бахæссын æмæ пациент рынчын кæй у, уый æвдисæг гæххæттытæ рафыссын. Сæхи та цалдæр хатты нал хъæудзæн цæуын, рады лæууын, дохтыртыл зилын. Куыд мæм кæсы, уый хорз æрхъуыдыдзинад у», - загъта социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Айларты Зæлинæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще