Ацы аз республикæйы фæндæгтыл хъуамæ бакæной егъау куыст

18.04.2022
Ацы аз республикæйы фæндæгтыл хъуамæ бакæной егъау куыст. Федералон автомобилон фæндæгты управлени «Кавказ» Дзæуджыхъæуы иувæрсты аразын райдайдзæн нырыккон трассæ. Фидæнмæ пълæнтты тыххæй республикæйы сæргълæууæгæн радзырдта управленийы разамонæг Руслан Лечхаджиев. Ныридæгæн уал проектон-хыгъдон гæххæттытæ бацæттæ кодтой. Уыимæ ма проектæн сарæзтой сæрмагонд экспертизæ дæр. Йæ райрæзтæн ын фæрæзтæ радих кодтой. Фæндаджы руаджы горæты уынгты хæдтулгæты нымæц фæкъаддæр уыдзæн. Уæдæ фæндæгтæ сæхæдæг дæр нæ пырх кæндзысты. Ацы аз ма дарддæр бакусдзысты Сабырдзинады фæзы рацарæзтыл. Горæты администрацийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Горькийы номыл Дзанайы-фырты номыл уынджы онг фæндаджы уадздзагыл куыстытæ ныридæгæн райдыдтой. Горæты цæрджытæй курынц, цæмæй уавæр æмбарой æмæ къуылымпыдзинæдтæн бабыхсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще