Фæлтæрдджын фæсивæд
Цæгат Ирыстоны райдыдта программисты `хсæн марафон. Ныридæгæн арæзт цæуы 2 хатт 8-æм æй 11-æм кълæсты ахуырдзауты хсæн. Æркаст арæзт æрцыд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй. Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы хицауады сæрадр Тускъаты Таймураз. Уый у хакертæ кæй хонынц, уыдоны хсæн ерыстæ. Ацы аз дзы архайынц 30 скъоладзауы. Командæты раззагдæртæ сты Яндекс Лицейы ахуырдзаутæ. Хъуамæ 10 сахаты æмгъуыдмæ хæслæвæрдтæ баххæст кæной. Æрхъуыды кæной уæлæмхасæн лæггæдтæ, цæмæй пада уой горæты цæрджытæн. Ахæм нырыккон технологитæ хуыздæры рдæм фæбæрæг уыдзысты адæймаджы алы боны царды. Зæгъæм, сервисты бон у æхсæнадон транспорт æрбахæстæг кæны æрлæууæнмæ æви нæ,уый базонын. Нæ республикæйы хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, хуыздæр проекттæ бахæсдзысты Цæгат Ирыстоны экономикæйы райрæзты программæмæ. Нæ республикæйы бастдзинад æмæ информацион технологиты комитеты сæргълæууæг Сæлбиты Аланы ныхæстæм гæсгæ,та ныры дуджы ахæм мадзæлттæ æнæмæнг сты хъæугæ. Сæ райрæзтыл архайын алкæддæр хъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще