Дзæуджыхъæуы уынгты фæзындысты уарзондæр сæрдыгон гагадыргътæ
Сæрд йæ тæмæны бацыд. Æмæ горæты уынгтæ харбызтæй байдзаг сты. Сæ фылдæр ласт сты Дагестан æмæ Краснодарæй. Бирæтæ тæрсынц, ома, раджы у нырма æппæты стырдæр гагадыргъ æлхæнынмæ. Фæлæ специалисттæ фидарæй зæгъынц, харбызтæ хæрынæн раджы нал у. Æддейы – цъæх, мидæгæй – сырх. Дзæуджыхъæуы уынгты фæзындысты уарзондæр сæрдыгон гагадыргътæ. Бирæтæ харбызтæ хæрын августæй раздæр сæ ныфс нæ бахæссынц. Фæлæ, куыддæр фæзындысты, афтæ сæ æлхæнын чи райдыдта, ахæмтæ фылдæр сты. Стыр æви гыццыл, хъулон-мулон æви цъæх-цъæхид. Цавæр харбыз у адджындæр? Хорз харбыз равзарын æнцон нæу. Бирæтæ ахæм хъуыдыйыл хæст сты. Харбыз дыууæрдыгæй куы æрæлхъивай æмæ йæ къæс-къæс куы фæцæуа, уæд у цæттæ. Уыимæ ма йæ куы æрцæвай, уæд дзы æмыр гуыпп хъуамæ фехъуыса. Уæйгæнджытæн сæ фылдæр фыццаг бон нæ кæнынц базарадон куыст. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ хорз зонынц, хæрзхъæд харбызтæ кæм æлхæнгæ сты, уый. Стæй, фыццаджыдæр, харбызты ад фенынц сæхæдæг. Дзæуджыхъæуы цы харбызтæ уæй кæнынц, уыдонæн сæ фылдæр хай ласынц Дагестан æмæ Краснодарæй. Харбызтæ уынджы чи уæй кæны, уæдонмæ хъуамæ æнæмæнг уа бардæттæг гæххæтытæ горæты администрацийæ. Стæй, æлхæнæджы бон у харбызтæн сæ хæрзхъæддзинады сертификатмæ дæр æркæсын. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды специалисттæ адæммæ сидынц, цæмæй кæсой уæйгæнæн бынæттæн сæ санитарон уавæрмæ дæр. Хъуамæ харбызтæ зæххыл æвæрд ма уой, фæлæ фæйнæгыл кæнæ тæрхæджытыл. Продукцийы хæрзхъæдзинады фæдыл адæммæ фарстатæ куы уа, кæнæ харбызтæй куы фæхъæстæ уой, уæд бадзурæн ис фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленимæ. Ведомствæйы специалисттæ продукцийы хæрзхъæддзинад бæрæг кæндзысты, цæлынмæ харбызтæ уæйгæнæн афон нæ фæуа, уæдмæ. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще