«Спецэкосервис» ы кусджытæ дзæуджыхъæуы уынгтæ митæй сыгъдæг кæнынц

19.04.2022
Тыхджын мит æрæмбæрзта Дзæуджыхъæу. Коммуналон службæтæ балæууыдысты мит сыгъдæг кæнынмæ. Ныртæккæ дæр кæнынц уыцы куыст. Боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнын митæфснайæн техникæ æхсæвæй райдыдта. Фæндæгтæ банывыл кæныны тыххæй кусынмæ рацыдысты сæрмагонд машинæтæ. Цæмæй ацæуæнтæ бырынцъаг ма уой, уый тыххæй «Спецэкосервис»-ы кусджытæ сыл пырх кæнынц змис цæххимæ. Æдæппæтæй схарз кодтой 250 тоннæйы. Мит аластой 150 хæдтулгæйы бæрц. Ныртæккæ митæфснайæн мадзæлттæ нæма фесты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще