Сыгъдæгдзинадмæ цæстдард

20.04.2022
Дзæуджыхъæуы сарæзтой сыгъдæгдзынады рейд. Рахизфарсы районы преферктурæйы уæнгтæ бæрæг кодтой, бынæттон цæрджытæ сæ алфамблайы сыгъдæгдзинадмæ куыд кæсынц, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй хи æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты цур, стæй куыстуæтты алыварс дæр адæм сæ фæстæ æфснайынмæ нæ тырнынц. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй цæрджытæ сæ фæстæ æфснайынмæ фæцахуыр уой, уый тыххæй æрмæст ныхæстæ фаг не сты. Рейды рæстæг префектурæйы кусджытæ сарæзтой дæсгай протоколтæ. Ныр закъонхалджыты фæивар кæндзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æнæзакъонæй бырæттæ калыны ивары бæрц у 3 минæй- 5 мин сомы онг. Дзæуыджыхъæуы Администрацийы рахизфарсы префектурæйы сæйраг специалист Джиоты Леонид: «Алы бон дæр мах æрзилæм уынгтыл, кæсæм сæ сыгъдæгдзинадмæ. Исты закъохæлд куы рабæрæг кæнæм, уæд ссарæм азымджыны æмæ йыл протокол ныффыссæм. Зæгъæм, абон федтам Тельманы уынджы уавæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы ис бырондæттæ, стæй æнæзакъонæй уынгты уæйгæнджытæ. Сæ ныхмæ скæндзыстæм хъæугæ гæххæттытæ æмæ сæ фæивар кæндзысты. Уадз æмæ йæ зоной, афтæ кæнын кæй не мбæлы, уый». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще