Куыстуат «Остров Аквакультура» афæдзмæ райста 2 мин тоннæйы кæсаг

18.04.2022
Куыстуат «Остров Аквакультура» кусы валер кæсаджы рæзтыл Цæгат Ирыстоны. Фæнд кæнынц сæ кондады гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын. Афæдзмæ 10 мин тоннæйы кæсагыл бакусын. Ныртæккæ сæ хæдзарæдтæ сты Æрыдон æмæ Даргъ-Къохы. Кæсагдарæн компани «Остров Аквакультура» афæдзмæ райста 2 мин тоннæйы валер кæсаг. Сæ куыстуæттæ сты Æрыдон æмæ Даргъ-Къохы. Ацы азы кæронмæ ма ноджы иу фæзындзæн Кæрдзыны дæр. Компани иу азмæ ауæй кæны кæсаджы 1 мин 2 сæдæ тоннæйы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, кæсагдарыны куыст нæ республикæйы рæзы. Уымæн стыр æххуыс сты æрдзон уавæртæ. Цехы фыццаджыдæр сæвзæрын кæнынц еугæф. Цы лæппынтæ равзæры, уыдоны фæхæццæ кæнынц æмбæлгæ хæдзарæдтæм. Уым сæ фæдарынц, цалынмæ асмæ гæсгæ уæй кæнынмæ сбæззой, уæдмæ. Продукцийы фылдæр хай арвитынц Мæскуы æмæ Санкт-Петербургмæ. Уазалгонд æмæ салд валер. Фæстаг æртæ азы компани кондады рæзтыл бахардз кодта 1 милард сомы бæрц. Æххуыс кæнынц гыццыл хъæдзарæдтæн дæр. Даргъ-Къохы комплексы ис 86 бассейны. Доны уавæрмæ кæсынц лæмбынæг. Сахатмæ йæ ивынц дыууæ хатты. Йæ температурæ у 8 градусæй 18 градусы онг. Кæсæгтæ бассейнты ауадзынц сæ асмæ гæсгæ. Валер куы байрæзы, уæд æй бауадзынц стырдæр кæсæгты ’хсæнмæ. Хæссынц сæ экологон æгъдауæй сыгъдæг хæринагæй. Боны дæргъы кæсæгтæн хæрын кæнынц æртæ хатты. Фидæнмæ компанимæ бирæ фæндтæ ис. Афæдзмæ 8-10 тоннæйы кæсагыл бакусын. Сæ къухы хъуамæ бафтой хæстæгдæр 5 азмæ. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще