Дон-дон кæнгæйæ
Сæрдыгон æнтæф бонтæ ралæууыдысты. Майрæмададжы æмæ нæ республикæйы иннæ хъæуты скарз ис нуазыны донимæ баст уавæр. Къранты сыф-сыфимæ ма æнхъæлмæ кæсынц,ацы тæвдты сын æхсызгондзинад цы донласæн машинæ хæссы, уымæ. Хъуыддаг иу æмæ дыууæ азы нæ тыхсын кæны цæрджыты, исты йын бакæной, уый та сæ бон нæу. Уавæримæ бынаты базонгæ сты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр. Ацы машинæйы дзолгъо-молгъо æмæ æхситт хъæуы цæрджытæ куы айхъусынц, уæд сæ цинæн кæрон нал вæййы. Дон арæхæй - донцух. Сæрдыгон тæвд æмæ æнуды æнæ донæй уæвын зындоны фæлварæнау у. Æнæхъæн Майрæмададжы доны цъыртт нæй, уымæ гæсгæ нуазынæн дон ардæм ласынц алы бон дæр. Доны хæдзарады кусджытæ куыд зæгъынц, донласæн хæдтулгæйы цæуы æрмæст 5 тоннæйы. Уый æгас хъæуы фаг не свæййы. Бахъæуы сæ фæстæмæ аздæхын, æмæ та дондзагæй хъæумæ æрбацæуын. Бон-изжрмæ афтæ дыууæрдæм кæны. Ахæм уавæр канд Майрæмададжы нæй. Бирæ хъæуты фесты кæсаг сурмæ раппарæгау. Донуадзæн хæтæлтæ кæй ныззæронд сты, уымæ гæсгæ нырыккон домæнтæн нæ быхсынц. Дондзæуæнтæ сты къаннæг æмæ зæронд, уымæ гæсгæ арæх сæттынц. Зæгъæм, Джызæлы ацы хъуыддагæн схос кодтой. Цалдæр уынджы баивтой хæтæлты 2 километры. Ныр сæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр сты. Ныридæгæн цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Уымæй уæлдай-ма хъæуæн сарæзтой сæрмагонд схемæ. Бындурон цалцæггæнæн куыстытæм бавналдзысты, куыддæр сæм æхца фæзына, афтæ. Александр Саракаев: «Донуадзæн хæтæлтæ системæимæ баиу кодтам, фæлварæны хуызы дзы дон ауагътам. Тæккæ райсом дæр нæ бон у адæмæн дон радтын, фæлæ ма æнхъæлмæ кæсæм фидаргæнæн арматурæмæ. Куыддæр æй балхæнæм, афтæ цæрджытæм дон фæзындзæн». Доны хæтæлтæ ивынц Ногиры дæр. Ам сæвæрдтой, 200 æмæ 300 милиметры фæтæнæн цы донуадзæн хæтæлтæ сты, ахæмтæ. Афтæмæй Ногир æмæ Джызæлы хъул сах абадт. Иннæты та уал æнхъæлмæ кæсын хъæуы донласæн машинæты æхситтмæ. Æндæр гæнæн сын нæма ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще