Зымæг æрбахæццæ кæны
Хæстæгдæр рæстæджы боныхъæд нæ республикæйы аивдзæн. Хур фæтары уыдзæн æмæ мит уарын райдайдзæн. Температурæ та дзæвгар æрхаудзæн. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Гидрометцентр. Куыд зæгъынц, афтæмæй ма фæстæдæр фæуыдзæн ноджы уазалдæр. Дымгæ дæр кæндзæн. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сидынц республикæйы цæрджытæм, цæмæй къæрцхъусдæр уой, зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады домæнтæ цæмæй ма халой. Уæлдайдæр хъармгæнæн кусæнгæрзтæй пайдагæнгæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще