Абон у зымæджы хурхæтæн
Æмæ ма нæ программæйы кæронбæттæн æрмæг. Суанг уæлæрвтæй чи æрыхъуыст, ахæм! Афæдз дыууæ хатты чи `рцæуы, ахæм астрономион фæзынд та нæм æрхæццæ – зымæджы хурхæтæн. Абон æппæты цыбырдæр бон баиу æппæты даргъдæр æхсæвимæ. Райсомæй фæстæмæ боныл æфтын райдайдзæн. Абон Хур бацахсдзæн æппæты ныллæгдæр ран æрвгæроны сæрмæ. Астрономтæ куыд банымадтой, афтæмæй уый æрцæудзæн 19 сахаты æмæ 27 минутыл Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ. Хурхæтæнмæ адæм æнхъæлмæ кастысты суанг незамантæй фæстæмæ. Уыцы бон мифологийы баст уыд цавæрдæр æнæзынгæ тыхтимæ. Адæм уырныдта, ома, дам, уæд сæхи раргом кæнынц æмæ кæнæ знаггад хæссынц, кæнæ та – пайда. Цæмæй зианхæссæг тыхтæ ма уæлахиз кæной, уыйтыххæй-иу алчи йæ хæдзары æрцауыгъта заз бæласы къалиутæ. Адæмы-иу уырныдта, сæ тæф уыцы тыхты кæй фæтæрсын кæндзæн. Суанг ма-иу куы `рталынг, уæд-иу стыр арт дæр скодтой. Уый та уымæн, цæмæй йæхиуыл хæрдмæ чи нал хæцы, уыцы Хурæн баххуыс кæной. Æмæ ма – иу ныхас не стъалыйы тыххæй. Абонæй фæстæмæ Хур акъул уыдзæн сæрдырдæм, зымæг та, дам, уазалырдæм. Раст зæгъгæйæ, уынгмæ акæсгæйæ дзы нырма зымæгæй ницы федтам, фæлæ кæд искуы миты тъыфылтæ дæр симды бацæуиккой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще