Уæллаг Ларсы уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021 æй 2022 азты
Уæллаг Ларсы уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021-æй 2022 азты. Проектмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты фæндæгты уадздзæгтæ, уыимæ уæззау хæдтулгæтæн æрлæууæнты нымæц дæр. Рацарæзт æххæст кæнынц национ проект «Международная кооперация и экспорт»-ы фæлгæты. Куыстытæн рахай кодтой 2 млрд сомæй фылдæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Уæллаг Ларсы уадзæн пункт пандемийæйы аххосæй цы сæрмагонд фæткмæ гæсгæ кусы, уымæй тыхсынц уæзласæн хæдтулгæтæ. Рог хæдтулгæтæ та сæ фæндаг акæнынц æнæ къуылымпытæй. Æндæр азты ацы афон ам фенæн уыдис цæндтæ рог хæдтулгæтæй дæр. Апарахат-иу сты бирæгай километрты бæрц. Иннæ аз уавæр цæхгæрмæ хъуамæ аива. Цы реконструкци снысан кодтой, уыцы куыстытæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 2 млрд соммæ ввахс. Проектмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты фæндæгты уадздзæгтæ, уыимæ уæззау хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæтты нымæц дæр. Уæллаг Ларсы рацарæзты фарстайыл æрныхас кодтой Уæрæсейы транспорты министр Евгения Дитрих æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Национ проект «Международная кооперация и экспорт»-ы фæлгæты проектон гæххæттытæ ныртæккæ сты сæйраг паддзахадон экспертон куыстуаты. Уадзæн пункт рацаразынвæнд кæнынц 2021-æй 2022 азты. Рацарæзты фæстæ иу суткæмæ уадздзысты 13 мин адæймагæй фылдæр. Арæнхъахъхъæнæн управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ныртæккæ арæнты сæрты рог хæдтулгæтæ ацæуы, нормæмæ гæсгæ цы æмбæлы, уымæй 15 хатты фылдæр транспорт. Уæззау хæдтулгæтæ куы райсæм, уæд уыдон та сты æртæ хатты фылдæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ куыстыты рæстæг Гуырдзыстонмæ фæндаг йæ архайд нæ бауромдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой профилон министрадæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv