Мæскуыйæ - уæлахизимæ!
Хуссар Ирыстоны кадетты скъолайы минæвæрттæ нырма сывæллæттæ сты. Фæлæ автомат хайгай бакæнынмæ æмæ йæ фæстæмæ амбырд кæнынмæ цæттæ сты. Уымæй уæлдай сæрæн разындысты бæндæн ивазынæй, аив цæуынæй, алыхуызон эстафетæтæй. Æрвылбоны тренировкæты хуымæтæджы нæ калдтой сæ хид. Ерысты цы 52 делегацийы архайдта, уыдоны `хсæн дæр хуыздæртæ уымæн уыдысты. Цы скъолайы ном хъахъхъæдтой, уым сæ ныр сæрбæрзонд сты. Уæлдай аргъ сын скодтой, кæрæдзийы куыд æмбæрстой иу командæйы, уымæн. Сæхæдæг сæ уæлахизы тыххæй дзурынмæ нырма æфсæрмы кæнынц. Фæлæ сæ тыхтыл кæй нæ бацауæрстой, уый бæлвырд у. Алчи дæр сæ архайдта йæ зонындзинæдтæ иумæйæг хорзæхы тыххæй равдисыныл. Ерысты фæлгæты ма бабæрæг кодтой Æнæном салдаты ингæн, сæвæрдтой йыл дидинджытæ. Федтой Мæскуыйы Кремль дæр, стæй Æфсæддон намысы музей. Уæдæ цы конкурсты архайдтой, уыдонæн та нымæц дæр нал уыдис. Хъæздыг рауад сæ культурон программæ дæр, уыдысты Уæрæсейы сæйраг горæты Чысыл театры. Сæ фыдыуæзæгмæ фæстæмæ æрыздæхтысты рухс зæрдæтимæ, сæхицæн Уæрæсейы бирæ горæтты скодтой хорз хæлæрттæ. Ныр сывæллæттæ стыр бузныг сты сæ разамонджытæй, ахæм æвæджиауы хорзæх сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Æрмæст Мæскуы фенын дæр бирæтæм раст стыр диссаг фæкаст. Уæвгæ, сæ балцæн канд феныны нысан нæ уыд. Йæ хъомыс егъау рауад хъомыладон æгъдауæй, кæрæдзийы фæлтæрддзинад базонынæй. Дызæрдыккаг нæу, фæсивæдæй бирæтæ ныр æнæмæнг сбæтдзысты сæхи æфсæддон хъуыддагимæ. Сæ уæлахиз та сæ сразæнгард кодта ноджы бæстондæрæй кусынмæ. Сæ размæ сæвæрдтой ног хæстæ, ныр сæхи цæттæ кæндзысты Уæлахизы боны парадмæ. Аккагæй дзы кæй равдисдзысты сæхи, ууыл гуырысхо дæр нæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще