Цал боны улæфдзыстæм

20.04.2022
Уæрæсейы хицауад сбæлвырд кодтой 2019 азы улæфæн ботæ. Ног азы бæрæгбоны фæдыл, нæ бæстæйы цæрджытæ 10 боны улæфдзысты. Уæдæ майы мæйы дæр адæргъвæтин уыдзысты. Уый тыххæй фехъусын кодтой Уæрæсейы хицауады офицалон сайты. 5-æм æмæ 6-æм январь, стæй ма 23-æм февраль хауынц сабат æмæ хуыцаубоны бонтæм. Ома бæрæгбонимæ баиу сты. Уымæ гæсгæ, майы улæфæн бонтæ хаст æрцыдысты дыккæгæм, æртыккæгæм æмæ дæсæм маймæ. Афтæмæй, Ног азы бæрæгбоны улæфæн бонтæ та 30-æм декабрæй - 8-æм январмæ уыдзысты. Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны фæдыл 2 улæфæн боны уыдзæн. 23-æм æмæ 24 февраль. Æппæт дунеон сылгоймæгты боны фæдыл та - 3 æнæкусгæ боны. 8-æй - 10-æм мартъимæ. Майы мæйы уæрæсейæгтæн дæргъвæтин каникултæ уыдзæн. 1-æй - 5-æм маймæ. Уый фæстæ ма ноджыдæр 4 боны. Уæлахизы боны фæдыл улæфæн бонтæ 9-æй - 12-æм майы уонг уыдзысты . _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще