«Алæмæты гæды»

20.04.2022
Ахæм номимæ аргъау æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион паддзахадон театры. Æвæрд æрцыд республикæйы адæмон арстист Æлбегаты Аланы фæндонæй. Спектакль саразыныл бацархайдтой театры актертæ. Ныр сабитæн сæ бон у сæ уарзондæр аргъау æмæ хъайтартæм театры сценæйыл фенын. Равдыстытæ цæудзысты 22-æмæй 30-æм декабрмæ 10, 12 æмæ боны 2 сахатыл. Стæй 2-æм январæй 8-æм январмæ 12 æмæ боны 2 сахатыл. Билеты аргъ у 150 сомы. Æлбегаты Алан, æвæрæг æмæ тæлмацгæнæг: «Ног аз кæддæриддæр баст вæййы сывæллæттимæ, уымæн æмæ у сæйрагæдæр сывæллæтты бон. Сывæллæттæ йæм уæлдæй цымыдисæй фенхъæлмæ кæсынц. Ацы аз равзæрстам æппæт сывæллæттæ дæр кæй зонынц ахæм аргъау, уый у Шарль Перро-йы аргъау «Кот в сапогах». Иронау æй схуыдтам «Алæмæты гæды», уымæн æмæ уый у æцæгдæр диссаджы гæды, кæцы йæ хицауы хмндзинæдты руаджы, цыдæр цымыдисаг алæмæтæг хъуыддæгты руаджы хицауæй саразы Маркиз. Уарзондзинад баиу вæййы æмæ дзы равзæры диссаджы æнкъарæнтæ. Кæд абон сывæллæттæ ирон æвзагыл фехъусдзысты æмæ фендзысты уыцы аргъау, уæд махæн дæр уый у æнтыстдзинад. Зæрдæбынæй арфæ кæнæм æппæт сывæллæттæн дæр Ног азы фæдыл, цæмæй цын Ног аз æрхæсса ног æнтыстытæ, æнæниздзинад, хъæлдзæгдзинад,амондджын куыд уой уый цын мæ зæрдæ зæгъы». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще