Къаддæр улæфдзыстæм?
Федерацийы Советы, гæнæн ис, æмæ Ног азы улæфæн бонты æмгъуыд аивой. Ахæм хъуыды тæккæ фыццаг фæнысан кодта, бæстæйы премьер-министр Дмитрий Медведев. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уал бонмæ нæ бæстæйы цæрджытæ улæфгæ хорз бакæнынц, фæлæ аразгæ та ницы скæнынц. Политиктæм ацы фарстайы фæдыл ис алыхуызон хъуыдытæ. Æппæт ивддзинæдтæ дæр хъуамæ уой закъонмæ гæсгæ арæзт. Зæгъæм, Федерацийы Советы социалон комитеты сæргълæууæг Валерий Рязанский куыд хъуыды кæны, афтæмæй улæфæн бонтæ ныууадзын хъæуы, куыд сты, афтæмæй. Æрмæст адæмæн сæ уæгъд рæстæг хъæуы исты хорз мадзæлттæй баххæст кæнын. Ууыл нырма бакусын хъæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд ног азы Уæрæсейы цæрджытæ улæфыдысты 10 боны. Уымæй уæлдай ма, хицауады уынаффæмæ гæсгæ улæфæн бонтæ нысангонд сты 1-æмæй 5-мæ æмæ 9-æмæй 12-æм маймæ бæрæгбæтты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще