Дыргътæ æмæ гагадыргъты аргъмæ уæлæмхасæн æфтуан фæкъаддæр уыдзæн
Дмитрий Медведев ма рахаста иу хъæппæрис - дыргътæ æмæ гагадыргъты аргъмæ уæлæмхасæн æфтуанæй аппарын. Уæлæмхасæн æфтуаны бæрц фæкъаддæр уыдзæн 10%. Уый руаджы гагадыргътæ хъуамæ фæасламдæр уой, дыргъдæттæ чи дары, уыцы амалхъом адæмыл дæр ивддзинæдтæ хуыздæрырдæм хъуамæ сахадой. Хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй уынаффæ рахæссыны размæ ныхас кодта министртимæ. Уыдонæй хъæппæрисыл «дыууæ» ничи загъта. Фæстæдæр Дмитрий Медведев бабæрæг кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы штаб-фатер æмæ йæ фæнды тыххæй уым дæр фехъусын кодта. Закъоны проектыл бакуыста Думæйы спикер Вячеслав Володин. Раздæр уал партийы Думæйы фракцийы разамонæг Сергей Неверов куыд загъта, афтæмæй аргъмæ уæлæмхасæн æфтуан фæкъаддæр кæныныл фарон дзырдта бæстæйы президент Путин дæр. Уæвгæ, цæмæй хъæууон хæдзарады кусджытæм фæкæсой, уый тыххæй сæ фæндыд кæнæ сын субсидитæ раттын, кæнæ та сын сæ продукцийы аргъмæ уæлæмхасæн æфтуан фæкъаддæр кæнын. Хатдзæгмæ гæсгæ, депутаттæ сразы сты дыккаг фæнд сæххæст кæныныл. Кæд дзы исты рауайа, уæд закъоны проект бахæссдзысты Паддзахадон Думæмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы азы райдианæй фæстæмæ аргъмæ уæлæмхасæн æфтуан сырæзтис 18 процентæй 20-мæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv