Ахуыры бæрзæндтæм

20.04.2022
Ацы аз республикон физикон-математикон лицейы фæзынд фæлварæн кълас. 8 скъоладзауæн нæ республикæйы алы районтæй ис фадат ам æнæхъæн бон уæвын. Сывæллæттæм дзы хъæугæ цæстард ис. Боны фыццаг хай -уроччытæ. Фæссихор та скъоладзаутæн фæзыны уæгъд рæстæг. Сæхи ирхæфсынц. Ног ивддзинæттæ куыд кусынц, уый тыххæй нæ уацхæссæджы æрмæг. Сабийæ нырмæ Дзукъаты Аспар йе*ргом фылдæр здахы бæлвырд наукæтæм. Райдиан кълæсты ахуыргæнгæйæ æмбæрста математикæ æмæ физикæ бæлвырддæр кæй ахуыр кæндзæн, уый. Дыууæ мæйы размæ йæ фæнд сæххæст ис. Ахуыр кæны республикон физикон - математикон лицейы. Цæргæ дæр ам кæны. Куыд зæгъы афтæмæй йæ фидæны дæсныйад æвзæрст у. Уыдзæн - инженер. Дзукъаты Аспар фыццаг ахуыргæнинаг нæу, ацы эксперементалон къласы. Уымæй уæлдай ма республикæйы алы районтæй фæлварæн къласы ахуыр кæнынц 7 сывæллоны. Уыдонæй алчи дæр радта сæрмагонд фæлварæн, цæмæй лицеймæ бахауа. Уымæй уæлдай ма ацы проекты архайынц нæ республикæйы алы районтæй хицæн скъолатæ. Уым 3-æмæй 6- æм къласы ахуырдзаутæн сарæзтой математикон къордтæ. Ахуырдзаутæ бæрзонд бæрæггæнæнтæ куы райсой, уæд сын фæзындзæн æнæ уæлæмхасæн фæлварæнтæй лицеймæ бахауыны фадат. Урочытæ дæр æндæр хуызон цæуынц, хуымæтæг скъолаты программæмæ ницы бар дарынц. Сывæллæтимæ чи кусы уыцы ахуыргæнджытæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Сæ фæлтæрддзинад фæфылдæр кодтой. Учитель математики 1-ой ардонской школы, Оксана Тлатова: Мах ам скъолайы программæйæ уæлдай ма алыхуызон хынцæгтыл кусæм. Сывæллæттæм тынг цымыдисаг кæсынц. Бирæ хатт фæсуроктæ дæр баззайынц. Уымæй уæлдай ма хæдзармæ куст дæр ракурынц. Мæнмæ гæсгæ ацы куыст хъæугæ у. Йе* руаджы сывæлæтты курдиаттæ рабæрæг вæййынц. Республикæйы алы районы дæр сты. Ахуыр дзы кæнынц 500 скъоладзауæй фылдæр. Раздæр интернатмæ ахуыр кæнынмæ истой æххуысхъуаг бинонты сывæллæтты . Ныртæккæ та ам ахуыр кæныны бар ис æрмæст математикæйы предметæй иттæг хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн ис уыцы сывæллæттæн. Лицейы нырма ис 1 фæлварæн кълас. Йæ ахуырдзаутæн сцалцæг кодтой агъуыстытæ. Сæ уæгъд рæстæг кæм æрвитой ахæм фæз дæр сын ис. Иннæ аз ам фæнд кæнынц 2 эксперименталон къласы байгом кæнын. Проекты разамонджытæ куыд зæгъынц афтæмæй ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у цæмæй сывæллæттæ зонындзинæдтæм тырной. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще