1953-æм азы байгом кодтой «Арвмæ дуар»

19.04.2022
1953-æм азы 29-æм майы адæймаг фыццаг хатт акаст Зæххы къорийы тæккæ бæрзонддæр хох Джомолунгмайы сæрæй. Цъупп басастой Ног Зеландийы цæрæг Эдмунд Хиллари æмæ шерпаг адæмыхатты минæвар Норгей Тенцинг. Куыд зонут, афтæмæй Эвересты бæрзæнд у 8 848 метры. Йæ сæрмæ йын рагæй бырстой адæм, фæлæ хохы фæхстæ афтæ `нцон басæтгæ не сты. Фыццаг хатт Эвересты сæрмæ схизыны проект æрхъуыды кодтой 1893-æм азы, схилыныл та ацархайдтой 1921-æм азы. Фæлæ ницы! Адæймаджы къухы уый бафтыд, куыд загътам, афтæмæй 30 азæй чысыл фылдæры фæстæ. Дыууæ лæджы Джомолунгмайы цъуппæй куы акастысты, уæд дзы æрсагътой Великобритани, Непал, Инди æмæ Иугонд Нациты Организацийы тырысатæ. Британийы Ус-паддзах Эдмунд Хилларийы схорзæхджын кодта кадджын ном "сэр"-æй. Нæлгоймаг та бирæ азтæм цæргæйæ баззад Непалы. Фæстæдæр ма йын саккаг кодтой Непалы кадджын гражданины ном дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео