Заз бæлæсты базартæ
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй республикæйы сæйраг заз бæлас йæ бынат ссардта. Ныр аив кæны горæты Сæрибардзинады фæз. Ацы бонты йæ фæдыл æрбахæццæ сты Ног азы иннæ `вдисæнтæ дæр – йæ чысыл хæстæджытæ. Иуæй иннæ рæсугъддæрæй лæууынц горæты æмæ районты заз бæлæстæ базарты. Сæ тæфæй уæлдæф байдзаг. Уый та ууыл дзурæг у, æппæты уарзондæр бæрæгбонмæ бирæ кæй нал баззад. Ног азмæ бирæ нал баззад. Абон Дзæуджыхъæуы байгом сты заз бæлæсты базартæ. Горæты алы районты сын снысан кодтой сæхи бынæттæ. Ног азы фидауц бирæтæ балхæнынц бæрæгбоны агъоммæ. Ныр та уал базартæм цæуынц заз бæлæстæм æркæсынмæ æмæ æргътæ базонынмæ. Заз бæлæсты тæф адæймаджы зæрдæ æхсызгонæй агайы. Бæрæгбон цыма фæхæстæгдæр ис, адæймагмæ афтæ кæсы. Уæдæ цавæр хъуамæ уа рæсугъд заз бæлас? Рæсугъддæрыл нымад у ставд зæнгимæ бæлас, йæ къалиутæ хъуамæ уой хæрдмæ арæзт. Йæ хихтæ та хъуамæ ма згъæлой. Алчи дæр дзы равзардзæн, йæ зæрдæмæ цавæр бæлас цæуы, ахæм. Сæ аргъ у фондз сæдæ сомæй 5 мины онг. Уæрæсейаг заз бæлæстæй æппæты зынаргъдæртыл нымад сты хъырымæгтæ. Уыдон хуызджындæр æмæ пæлæхсардæр сты, уымæ гæсгæ сæ аргъ дæр дзæвгар фылдæр у. Ис ма дзы, фурды сæрты нæм чи сæмбæлд, ахæм уазджытæ дæр Заз бæласæн цæмæй йе `ддаг бакаст ма фесæфа, уый тыххæй сæ батухынц сæрмагонд хызы. Уæвгæ, адæм æрмæстдæр уыцы миниуджытæм нæ кæсынц. Æппæты фыццаг уал афæрсынц аргъæй. Адæм заз бæлæстæ æвзарынц сæ къалиутæм гæсгæ. Сындзытæ хъуамæ уой бæзджын æмæ цъæхцъæхид. Бæлæсты дзы ис 3 æмæ 5 минтæй дæр. Фæлæ базар базар у, аргъй аппарæн дæр ис. Заз бæлæстæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы цæрджытæ арæх æлхæнын райдыдтой аразгæ нæзы бæлæстæ. Сæ аргъ дзæвгар фылдæр у – 5 минæй – 15 мин сомы онг. Фæлæ бирæ азты кæй фæлæудзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Уыимæ ма сæ куыст райдыдтой ног азы армукъатæ дæр. Балхæнæн дзы ис заз бæласы хъазæнтæ, хуызджын цырæгътæ, бæрæгбоны уæлæдарæс, стæй ма ног азы нысан – куыйты чысыл скульптурæтæ. Æлхæнджытæ ам дæр бирæ не сты. Адæм нырма уал цæуынц уæййаг дзаумæттæм æркæсынмæ æмæ бæрæгбоны уддзæф банкъарынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще