Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны

19.04.2022
Æмæ ма рекламæйы размæ - цалдæр кадры горæты базартæй иуæй. Цас хъæлдзæг сты, уый зын зæгъæн у, фæлæ сæ фенын æмбæлы. Цæвиттон, адæм схъæлæба сты галæрыскъæфы сæрыл. Куыд уынут, афтæмæй базармæ баластой гагадыргъы асыччытæ. Адæм, уый базонгæйæ, хæдтулгæйыл сæхи ныццавтой «æзфæраздæруонæй». Алкæй дæр бафæндыд хæрздæф къоппытæ йæхирдыгæй бакæнын, хæдзармæ хай дзы фылдæр куыд фæуа, уый. Гæнæн ис, æмæ сæудæджергæнджытæ дæр фæсте нæ баззадысты. Æмæ куыннæ! Боны улупайыл сæхи куыд хъуамæ атигъ кæной æмæ сæ дзыппытæ æнæдымстæй куыд хъуамæ ныууадзой! Уæвгæ, æххæстæй бæрæг нæу, гагадыргътыл чи марæг адæм чи сты, уыдоны куысты хъæд. Фæлæ видеокадрты бынмæ адæм цы комментаритæ уадзынц, уыдоны раппæлинагæй ницы ис. Дзурджытæ араллогæнджыты цæсты бафтыдтой, худинаг уын фæуæд, зæгъгæ. Сырх уæлæдарæсы чи ис, уый та, дам, хæдтулгæйы шофыр у. Æмæ уый дæр хæлофгæнджытæм куыд хæлиудзыхæй кæсы, уый уæхæдæг уынут. Æцæгæйдæр, аив хъуыддагæй дзы ницы ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще