Цалцæггæнæн куыстытæ
Михайловскæйы цæрджытæн къуырисæрæй зæрдæ æвæрынц дон радтынæй, фæлæ, зæгъæм, Рахизфарсы районы цыппар хъæуы цæрджытæм та æндæр хъусынгæнинаг æнхъæлмæ кæсы. Æртыццæджы, 5-æм июны Раздзог, Заманхъул, Цæлыкк æмæ Ног Бæтæхъо, райсомы 8 сахатæй изæры 5 сахатмæ аззайдзысты æнæ донæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæй. Хъæутæм дон цы хæтæлтыл цæуы, уыдон сты цалцæггæнинаг æмæ сын сæ куыст дæр уымæн бауромдзысты. Бæлвырд нæу, фæлæ, гæнæн ис, æмæ куыстытæ фæбæрæг уой Беслæнæн йæхиуыл дæр. Афтæ Горæтгæрон районы хъæутæй дæр цалдæр, чизоны, фæхъыгдард уой. Йæ хъул сах кæмæн нæ абадт, уыцы хъæуты номхыгъды сты Архонкæ, Джызæл, Уæллаг æмæ Дæллаг Санибатæ, стæй Ногир. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще