Дон ракалд
Дзæуджыхъæуы Митькины уынджы дарддæр ивынц дондзæуæн хæтæлтæ. Куыстытæ кæнынц политикон партийы хъæпæрисæй. Бахатыдысты сæм уынджы цæрджытæ сæхæдæг. Хæтæлтæй 80 азæй фылдæр пайда кодтой. Алырдыгæй хъардтой, аскъуыдтæ сты æмæ иу уымæ гæсгæ дон арæх нæ уыд. Цæрджытыты, уыдон та 50 бинонтæй фылдæр сты, уый тынг тыхсын кодта. Ныртæккæ зæронд хæтæлтæ нырыкконтæй баивдзысты. Сæ пайда кæныны `мгъуыд 30 азæй къаддæр нæу. Куыстыты фылдæр хай бакодтой. Бон раздæр хæдзæртты дон, куыд æмбæлы, афтæ ракалд. Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой сентябры `мбисмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще