Алагиры районы доны фарста аиуварс кæныныл архайынц

18.04.2022
Æндæр хабæртты тыххæй. Нуазыны донæй цух кæй сты, уымæй Алагиры цæрджытæ фыццаг аз нæ тыхсынц. Горæты уынгтæй бирæтæ арæх вæййынц æнæ донæй. Уый уымæн, æмæ хæтæлтæ се ’ппæт дæр сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Уæдмæ уал Алагиры районы минæвæртты æмбырды уæнгтæ æмæ нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады минæвæрттæ бауынаффæ кодтой фæстауæрцы æвæрæнтæй пайда кæнын. Нывыл кæнынц, Советон цæдисы рæстæг цы заводтæ куыстой, уыдоны донцъирæнтæ. Уый руаджы уавæр хъуамæ фæрогдæр уа. Иу хатт ма здæхæм ацы темæмæ. Уый иу боны куыст нæу. Уæвгæ, Алагиры цæрджытæ нырыккон хорзæхтæм нал бæллынц. Тæвд донæй зæгъæм. Уазал сæм куы цæуид æнæкъуылымпыйæ, уæд сын уый дæр цины хос уаид. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, горæты иу хай иннæтæй бæрзондддæр ран ис. Уый зонынц куыд республикæйы, афтæ районы разамынды минæвæрттæ дæр. Сæрдæй-зымæгæй бæрзонддæр хаймæ дон нæ хæццæ кæны. Æнтæф бонты алкæй фаг нæу, зымæджы та донцъирæнты йе `мвæзад æрхауы. Æхсæвыгон ракæлы, æмæ уæд адæм сæ мигæнæнтæй иу дæр афтидæй нал ныууадзынц. Цы сæмбырд кæнай, уый дын - бонваг! Цæмæй уавæр фæрогдæр уа, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны хицауад ныр агуры æвæстиат мадзæлттæ. Сæ зæрдыл æрæфтыд, йæ кой дæр кæмæн нал ис, уыцы куыстуаты донцъирæнтæ сцалцæг кæнын. Бирæ азты дзæгъæлæй лæууыдысты. Цæмæй сæ ногæй спайда кæной, уый тыххæй сæ хъæуы цалцæг кæнын. Уыцы иртæстытæ бæзгæ куы рауайой, уæд амынд донцъирæнты куыст дæр хъуамæ сног уа. Æппæты тынгдæр сæм, æвæццæгæн, æнхъæлмæ кæсынц Сæрибардзинады, Гагарины, Æгъуызары-фырты номыл æмæ Фæскомцæдисон уынгтыл. Афтæ ма уавæр хъуамæ фæрогдæр кæной Гуысырайы донгуырæнтæ дæр. Техникон куыстытæ дзы бакодтой, фæлæ нырма æххæстæй нæ. Ныридæгæн дондзæуæн системæты рацарæзты проектон-хыгъдон документаци у цæттæ, арвыстой йæ Мæскуымæ. Æнхъæлмæ кæсынц, рацарæзты куыстытæ кæд снысан кæндзысты, уымæ. Æрæджы уал хъуыддаг размæ фезмæлыд Суададжы дæр. Ауагътой дзы уæлæмхасæн дондзæуæн хæтæл 500 метрæй фылдæр Брытъиаты уынгæй Кировы номыл уынгмæ, баивтой тыхджындæрыл донцъирæн дæр. Ныр сæм дон ракалд æнæкъуылымпытæй. Алагирыл дæр кæд уыцы хорзæх æрцæуид! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще