Алагиры донцъирæны цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ

18.04.2022
Алагиры дон кæй нæй, уый тыххæй цалдæр хатты хъусын кодтам. Горæтæн уынгтæ сæ фылдæр уыдысты æнæ нуазыны донæй. Фæлæ, æрæджы хъуыддаг размæ фезмæлд. Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц сæрмагонд донцъирæны. Уый руаджы нуазыны дон хæццæ кæны горæты цæрджытæм. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы. Алагиры доны фарста риссаг рагæй у. Иуæй-иу уынгты дон нæ фаг кодта, иннæты та - бынтондæр нæ калдис. Ныр, фарста аиуварс кæныныл кусынц. Алагирмæ дон цæуы Хуссарварсы донцъирæнæй. Ис дзы 11 скважинæйы. 7 дзы сæвæрдтой ног насостæ. Раздæр дзы чи лæууыди, уыдонæй сты 2 хатты тыхджындæр. Уый руаджы доны бæрц дæр 2 хатты фæфылдæр. Хуссарварсы донцъирæн системæ заууат уавæры уыд. Цалцæггæнæн куыстытæ куы райдыдтой, уæд æй специалисттæ бамбæрстой, къуылымпытимæ арæзт кæй æрцыд, уый. Раздæры насостæ цыдысты иу хæтæлмæ. Уый аххосæй кæрæдзийы хъыгдæрдтой æмæ раст нæ куыстой. Хъуамæ алы скважинæйæ дæр дон цæуа хибар хæтæлæй магистралон хæтæлмæ. Уырдыгæй та - горæтмæ. Алагиры коммуналон службæйы специалистты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ горæты æппæт цæрджытæм дæр дон æнæ къуылымпытæй хæццæ кæны. Хъуыддаг бæлвырдæй базонынмæ аныхас кодтам, горæты риссагдæр бынаты, хъæуысæр чи цæры, уыдонимæ. Хæстæгдæр рæстæг Алагиры хуссарварсы донцъирæны цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ баххæст кæндзысты. Фæлæ, цæмæй доны фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй ма хъæуы горæты уынгты дондзæуæн хæтæлтæ дæр сног кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще