Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ

18.04.2022
Цæгат Ирыстоны цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ. Æртыккаг аз проект «Городская среда»-йы фæлгæты базылдысты сæдæйæ фылдæр æхсæнадон бынатмæ. Уыдоны ’хсæн Доваторы номыл проспект, Московская уынг. Терчы былгæрон фæлладуадзæн фæзы та нырма куыстытæ сты сæ тæмæны. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой куыстыты хæрзхъæддзинад. Хъарданты Станислав 15 азы цæры Доваторы номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы. Йæ фырты лæппуимæ арæх рацæуынц сæхи аирхæфсынмæ ног арæзт сквермæ. Йæхæдæг нын куыд загъта, афтæмæй дзы сты тынг разы. Надежда Таланенко та 30 азæй фылдæр цæры ацы бæстыхайы. Сæ алыварс сын кæй барæсугъд кодтой, уымæй тынг разы у. Фæлæ ма йæ, куыд зæгъы, афтæмæй фæндид, цæмæй дзы уа музыкæ дæр. Надежда Таланенко, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Æз ам 30 азæй фылдæр цæрын, фыццаг хатт мæ куыстмæ рацæуын ацы скверы рæзты зæрдиагæй. Тынг хорз æй сарæзтой, фыццаджыдæр, дзы бирæ бацæуæнтæ кæй ис, уый тыххæй. Бирæ бандæттæ дзы ис. Дыккаджы та, иннæ скверимæ абаргæйæ, ам у сатæг æмæ дзы тæвд бон дæр ис абадæн». Æртыккаг аз Национ проект «Комфортная городская среда»-йы фæлгæты цалцæггонд цæуынц Дзæуджыхъæуы æхсæнадон бынæттæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ 5 азы дæргъы бæрæг кæндзысты куыстыты хæрзхъæддзинад. Сæйрагдæр нысан у, цæмæй, фыццаджы-фыццагдæр, разы уой адæм сæхæдæг. Афтæ, Терчы былгæрон цы фæлладуадзæн бынат ис, уымы куыстытæ фæстиат кæй кæнынц, уый тынг тыхсын кæны адæмы. Александр Купцов, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон штабы эксперт: «Зæгъдзынæн уый, æмæ нæ республикæйы ацы проект æххæст кæнынц пъланмæ гæсгæ. Доваторы номыр æмæ Московская уынгты цы сквертæ скодтой, уыдонмæ нæм фиппаинæгтæ нæй. Терчы былгæрон цы фæлладуадзæн бынат ис, уый та у адæмы уарзондæр бынат. Ам ис алыхуызон спортивон фæзтæ. Фæсивæд æдзухдæр сæ фæллад уадзынмæ æрбацæуынц ардæм. Куыстытæ сты хæрзхъæд, фæлæ сæ æххæст кæнынц æрæгмæ. Æрмæстдæр нæм ис ацы фиппаинаг». Цалцæггонд бынæтты æвæрд æрцыдысты бандæттæ, нырыккон цырæгътæ, дидынджытæ, бырондæттæ. Æртæ азмæ сæ къухы бафтыд барæсугъд кæнын сæдæйæ фылдæр кæрты æмæ æхсæнадон бынаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще