Донецкы адæмон республикæйы сывæллæттæ ахуыр кæндзысты Дзæуджыхъæуы лицейы

16.04.2022
Фыццаг урок ног скъолайы, ног уавæрты. Сæйрагдæр та сабыр æмæ æдас ран. 16 спортсмены Донецкы адæмон республикæйæ æрбадтысты Дзæуджыхъæуы лицейы партæты уæлхъус. Сывæллæттæн сарæзтой æппæт уавæртæ дæр. Уæдæ спортæй архайд дæр нæ ныууадзысты. 8-аздзыд Диана Бутова йæ хæлæрттæ Анастасия æмæ Ксения ныр ахуыр кæнынц æртыккæгæм къласы. Фыццаг урок — математикæ. Ног æрмæгмæ чызг лæмбыынæг хъусы. Нæмгуыты æхситт æй нал хъыгдары. Донецкы ахуырадон процесс баурæдтой. Спортивон секциты архайд дæр æрлæууыд. Дианæйы фидарæй уырны ахуырадон программæ тагъд кæй аййафдзæн. Æхсæзæм къласы ахуырдзау Артем Степанов дæр ахуырадон программæйæ фесте аззад. Ныр лæппуйы хъæуы хиуыл кусын, ахуырмæ уæлдай æргом здахын. Донецкы облæстæй сывæллæтты ахуыр кæнынæн ам æппæт уавæртæ дæр сарæзтой. Ис сын хъæугæ чингуытæ, ахуырæн æмбæлгæ дзауматæ. Лицейы сæ боны фæтк иннæ ахуырдзаутæй ницæмæй хицæн кæны. Дзæуджыхъæуы лицейы ахуырдзауты нымæц фæфылдæр. Донецкы адæмон республикæйæ сыл бафтыд 16 сывæллоны. Уыдонæн æгас цæуай загъта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Ацы ахуырадон уагдоны ис æппæт уавæртæ спортæй архайынæн. Хъыгагæн сæ фыды уæзæгыл сын уыцы гæнæнтæ дæр нал уыд. Фæлæ сæйраг у, цæмæй сывæллæттæ ног уавæртыл куыд хуыздæр æмæ тагъддæр фæцахуыр уой, уый. Уыцы хъуыддаджы та сын æнæмæнг æххуыс кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще